17 Загъта ма: «Нал сын ӕрымысдзынӕн сӕ тӕригъӕдтӕ ӕмӕ сӕ ӕнӕуаг митӕ».
Ахӕм рӕстӕг ӕрцӕудзӕн, — зӕгъы Дунедарӕг, — ӕмӕ Ӕз Израилы байзӕддагимӕ ӕмӕ Иудӕйы байзӕддагимӕ сараздзынӕн Ног Фидыд.
Алчи кӕрӕдзийы ӕмӕ ӕфсымӕр ӕфсымӕры нал ахуыр кӕндзӕн ӕмӕ нал дзурдзӕн, Дунедарӕджы базонут, зӕгъгӕ, — иууылдӕр Мӕ зондзысты, стырӕй, чысылӕй, — зӕгъы Дунедарӕг. — Ӕз сын сӕ фыдракӕндтӕ ныббардзынӕн, сӕ тӕригъӕдтӕ сын нал ӕрымысдзынӕн.
Тӕригъӕдтӕ барст куы ӕрцӕуой, уӕд уыдоны тыххӕй нывонд хӕссын нал хъӕуы.
Уымӕн ӕмӕ сын Ӕз ныббардзынӕн сӕ галиу митӕ, сӕ тӕригъӕдтӕ сын нал ӕрымысдзынӕн».