11 Алы сауджын дӕр ӕрвылбон лӕггад кӕны Хуыцауы раз ӕмӕ бонӕй-бонмӕ хӕссы, тӕригъӕдтӕ аиуварс кӕнынӕн ӕнӕпайда чи у, уыцы иу нывӕндтӕ.
Алы бон дӕр-иу се ссыгъдӕг кӕныны тыххӕй гал аргӕвд тӕригъӕды нывондӕн. Ӕххӕст кӕн нывондхӕссӕн ссыгъдӕг кӕныны ӕгъдау дӕр ӕмӕ-иу ӕй байсӕрд — срухс ӕй кӕныны охыл.
Дунедарӕг уӕ фӕрсы: «Уӕ бирӕ кусӕрттӕй Ӕз цы кӕнын? Фелгъӕд дӕн уӕ иууылсудзинаг фырытӕй ӕмӕ уӕ нард фосы фиуӕй. Нӕ Мӕ хъӕуы уӕ уӕнгуытӕ, уӕ уӕрыччытӕ ӕмӕ уӕ цӕуты туг.
Ацы уаз зӕххы хай лӕвӕрд уыдзӕни Дунедарӕджы Кувӕндоны лӕггадгӕнӕг сауджынтӕн. Ам уыдзысты Кувӕндон ӕмӕ сауджынты хӕдзӕрттӕ.
Йе ’фсӕдтӕ Кувӕндоны фидар фӕчъизи кӕндзысты, ӕмӕ дзы ӕрвылбоны нывӕндтӕ ничиуал хӕсдзӕн, Кувӕндоны ӕлгъаг заууаты заман ралӕудзӕн.
Ӕрвылбоны нывӕндтӕ куы ничиуал хӕсса ӕмӕ ӕлгъаг заууат куы ралӕууа, уыцы заманӕй рацӕудзӕн иу мин дыууӕсӕдӕ нӕуӕдз боны.
Суанг ӕфсады Фӕтӕджы ныхмӕ дӕр сыстади. Ӕрвылбон Ын нывӕндтӕ нал хастой, ӕмӕ Йӕ Кувӕндон ныззаууат ис.
Мӕ кувыны рӕстӕг, изӕры нывӕндты афонмӕ ’ввахс, мӕ разы февзӕрд, мӕ фыццаг цӕстылуайӕны кӕй федтон, уыцы Гавриил.
Ӕрбабырсӕг фӕтӕг бирӕтимӕ авд азы ӕмгъуыдмӕ бафидаудзӕн ӕмӕ, цалынмӕ авд азы иу ӕмбис рацӕуа, уӕдмӕ Кувӕндоны ӕмгӕрон хуынтӕ ӕмӕ нывӕндтӕ нал уадздзӕн. Кувӕндоны ралӕудзӕни ӕлгъаг заууат, цалынмӕ гӕныстонгӕнӕгӕн йе сӕфт ӕрцӕуа, уӕдмӕ, рагацау куыд нысангонд уыд, афтӕ».
Цӕимӕ ӕрлӕууон Дунедарӕджы раз, уӕларвы Хуыцаумӕ цӕимӕ бакувон? Йӕ цурмӕ иууылсудзинаг нывӕндтимӕ кӕнӕ афӕдздзыд родтимӕ бацӕуон?
Афтӕ авд боны дӕргъы, алы бон дӕр, цӕттӕ кӕнут хойраг арты нывондӕн, Дунедарӕгӕн ӕхцон хӕрздӕфӕн; ӕрвылбоны иууылсудзинаг нывондӕй уӕлдай ма ӕмбӕлы ӕрбахӕссын сӕн.
Зӕгъ сын: Дунедарӕгӕн арты нывондӕн ӕрвылбон хъуамӕ кусарт кӕнат дыууӕ ӕнӕсахъат фыргуисты.
Мӕйноджы ӕмӕ ӕрвылбоны иууылсудзинаг нывӕндтӕй уӕлдай ма, сӕ хуымилиаг ӕмӕ, ӕгъдау кӕй домы, уыцы сӕнимӕ, ацы нывӕндтӕ дӕр хӕссын хъӕуы Дунедарӕгӕн. Уый у арты нывонд, ӕхцон хӕрздӕф Дунедарӕгӕн.
Фидӕны хорзӕхтӕн Ӕгъдау у ӕрмӕстдӕр сӕ фӕлгонц — уый ӕцӕг хорзӕх нӕу. Уымӕ гӕсгӕ Ӕгъдауы бон уый нӕу, ӕмӕ, афӕдзӕй-афӕдзмӕ уыцы иудадзыг нывӕндтӕ чи хӕссы, уыдоны ӕнаипп фестын кӕна.
уымӕн ӕмӕ галтӕ ӕмӕ сӕгъты тугӕй тӕригъӕдтӕ аиуварс кӕнӕн нӕй.
Уымӕн ӕмӕ алы алчер дӕр адӕмы ’хсӕнӕй ӕвзӕрст ӕрцӕуы, адӕмы тыххӕй йӕ сӕвӕрдӕуы Хуыцауӕн кусӕгӕй, цӕмӕй Йын Йӕ размӕ хуынтӕ ӕмӕ тӕригъӕды нывӕндтӕ хӕсса.
Уый иннӕ алчерты хуызӕн нӕу: ӕрвылбон Ӕй раздӕр Йӕхи тӕригъӕдты, уый фӕстӕ та адӕмы тӕригъӕдты тыххӕй нывӕндтӕ хӕссыны сӕр нӕ хъӕуы. Йесо уый бакодта иу хатт ӕмӕ мыггагмӕ, Йӕхи нывондӕн куы ӕрхаста, уӕд.
Уый лӕггад кӕны ӕцӕг Кувӕндоны — адӕймаг нӕ, фӕлӕ, Хуыцау кӕй сарӕзта, уыцы Уаз Цӕрӕны.
Уыцы Алчер ныртӕккӕ зӕххыл ис, зӕгъгӕ, уӕд уый сауджын нӕ уаид. Уымӕн ӕмӕ ам ис, Ӕгъдаумӕ гӕсгӕ нывӕндтӕ чи хӕссы, ахӕм сауджынтӕ.