Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Дзуттӕгтӕм 1:7 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

7 Зӕдты тыххӕй фыст ис: «Йӕ зӕдты Уый скӕны дымгӕтау, Йӕ лӕггадгӕнджыты — зынг ӕмӕ артау».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Дзуттӕгтӕм 1:7
10 Iomraidhean Croise  

Ратардта адӕймаджы ӕмӕ Едемы дыргъдоны цур, скӕсӕнӕрдыгӕй, сӕвӕрдта херувимты ӕмӕ, алырдӕм чи ӕвзиды, ахӕм судзгӕ-зилгӕ кард — царды бӕласмӕ фӕндаг хъахъхъӕнынӕн.


Миха загъта: «Байхъус-ма, Дунедарӕг дӕу тыххӕй цы зӕгъы, уымӕ! Ӕз федтон Дунедарӕджы Йӕ паддзахы бадӕны бадгӕ. Йӕ уӕларвон ӕфсад иууылдӕр Йӕ рахиз ӕмӕ Йӕ галиуфарс лӕууыдысты.


Фӕндагыл ныхасгӕнгӕ куыд фӕцӕйцыдысты, афтӕ фӕзынди пиллонкалгӕ уӕрдон артуадзгӕ бӕхтимӕ, сӕ дыууӕйы ’хсӕн фестадысты, ӕмӕ Илийа тымыгъы мидӕг уӕларвмӕ ацыд.


Елисей скуывта: «О Дунедарӕг! Байгом ын кӕн йӕ цӕстытӕ, ӕмӕ сӕ фена». Дунедарӕг лӕггадгӕнӕджы цӕстытӕ байгом кодта, ӕмӕ уый федта: Елисейы алыварс хох бӕхты ӕмӕ пиллӕттӕ уадзгӕ хӕстон уӕрдӕтты бынӕй зынгӕ дӕр нал кӕны.


Агурут Дунедарӕджы, агурут Ын Йӕ хъомыс, кӕддӕриддӕр тырнут Йӕ размӕ.


Йӕ алыварс лӕууыдысты артуадзгӕ удгоймӕгтӕ — серафимтӕ, ӕхсӕзгай базыртӕ сын, ӕмӕ дзы алчидӕр йӕ дыууӕ базырӕй ӕмбӕрзта йӕ цӕсгом, йе ’ннӕ дыууӕ базырӕй — йӕ къӕхтӕ, аннӕ дыууӕ базырӕй та тӕхгӕ кодта.


Йӕ паддзахы бадӕн — арт, йӕ цӕлхытӕ артау цӕхӕр калынц, Йӕ цурӕй пиллонкалгӕ арт цӕугӕдонау размӕ бырсы. Лӕггад Ын кӕнынц мин-минтӕ, уырдыг Ын лӕууынц ӕрдзӕ-ӕрдзӕтӕ. Байгом сты чингуытӕ, ӕмӕ тӕрхон райдыдта.


Зӕд мын дзуапп радта: «Уыдон сты цыппар уӕларвон дымгӕйы, ӕгас зӕххы Бардарӕджы разӕй рацӕуынц.


Ау, зӕдтӕ иууылдӕр цумагӕнӕн монтӕ не сты, ӕмӕ сӕ Хуыцау, чи хъуамӕ фервӕза, уыдонӕн балӕггад кӕнынмӕ не ’рвиты?


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan