Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Дзуттӕгтӕм 1:5 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

5 Хуыцау зӕдтӕй афтӕ кӕд кӕмӕн загъта: «Ды Мӕ Фырт дӕ, Ды Мын абон райгуырдтӕ»? Кӕнӕ: «Ӕз Уымӕн уыдзынӕн Фыд, Уый та Мын уыдзӕни Фырт»?

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Дзуттӕгтӕм 1:5
8 Iomraidhean Croise  

Ӕз уымӕн уыдзынӕн Фыд, уый та Мын уыдзӕни фырт. Тӕригъӕды куы бацӕуа, уӕд ыл, адӕммӕ куыд вӕййы, афтӕ уисӕй ӕрцӕудзынӕн, фыд йӕ фырты куыд фӕнӕмы, афтӕ йӕ фӕнӕмдзынӕн.


Ӕз уымӕн уыдзынӕн Фыд, уый та Мын уыдзӕни фырт. Мӕ хорзӕх дзы фӕстӕмӕ нӕ райсдзынӕн, дӕ размӕ чи уыд, уымӕй йӕ куыд райстон, афтӕ.


Соломон сараздзӕн Мӕ номыл хӕдзар. Уый уыдзӕни Мӕ фырт, Ӕз та уыдзынӕн Йӕ Фыд, ӕмӕ йын Израилы сӕргъы йӕ паддзахы бадӕн сфидар кӕндзынӕн мыггагмӕ“.


Афтӕ мын загъта: „Дӕ фырт Соломон Мын сараздзӕн Мӕ Хӕдзар ӕмӕ Мӕ кӕртытӕ, уымӕн ӕмӕ йӕ Мӕхицӕн равзӕрстон фыртӕн — Ӕз уыдзынӕн йӕ Фыд.


«Хъусын кӕнын Дунедарӕджы уынаффӕ: афтӕ мын загъта Уый: „Ды Мӕ фырт дӕ; ды Мын абон райгуырдтӕ.


дыккаг псаломы куыд фыст ис, афтӕ: „Ды Мӕ Фырт дӕ, Ды Мын абон райгуырдтӕ“.


Чырысти дӕр, Алчер суӕвгӕйӕ, Йӕхӕдӕг Йӕхи не скадджын кодта, фӕлӕ Йын афтӕ Чи загъта: «Ды Мӕ Фырт дӕ, Ды Мын абон райгуырдтӕ», Уый Йын кад радта.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan