Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Дзуттӕгтӕм 1:4 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

4 ӕмӕ, Йӕхӕдӕг зӕдтӕй бирӕ уӕлдӕр куыд у, афтӕ Йӕ Фыдӕй лӕвӕрд ном дӕр уыдоны нӕмттӕй бирӕ кадджындӕр сси.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Дзуттӕгтӕм 1:4
11 Iomraidhean Croise  

цыфӕнды хицӕуттӕ ӕмӕ барджынтӕй, цыфӕнды тых ӕмӕ хъомысӕй уӕлдӕр; Йӕ ном та йын ӕппӕт нӕмттӕй фӕуӕлдӕр кодта канд ацы ӕнусы нӕ, фӕлӕ фидӕны дӕр.


Уый у Йӕ буары, Аргъуаны, Сӕргълӕууӕг. Уый у Сӕрӕвӕрӕн, мӕрдтӕй фыццаг Уый райгас, цӕмӕй ӕппӕт дӕр уа Йӕ дӕлбар.


Чырыстиимӕ иудзинады фӕрцы сымах ӕххӕст стут ӕппӕтӕй дӕр. Уый лӕууы ӕппӕт хицӕуттӕ ӕмӕ барджынты сӕргъы.


Сымахӕн та, ныр зын уавӕры чи ис, уыдонӕн, махимӕ иумӕ удӕнцой ратдзӕнис, Бардарӕг Йесо Йӕ хъомысджын зӕдтимӕ пиллонкалгӕ арты мидӕг уӕлӕрвтӕй куы ’рцӕуа, уӕд.


Ды бауарзтай рӕстдзинад, фыддзинад Дын ӕнӕуынон у. Уымӕ гӕсгӕ Дӕу Хуыцау, Дӕ Хуыцау, Демӕ чи ис, уыдонӕй уӕлдай, цин дӕттӕг сойӕ байсӕрста».


Сымах куыд зонут, афтӕмӕй Исавы фӕстӕдӕр ӕрхъуыд йӕ фыды арфӕ, фӕлӕ дзы ӕнӕхай фӕци, уымӕн ӕмӕ, кӕд кӕугӕйӕ куырдта, уӕддӕр фыды фӕнд аивын йӕ бон нал уыд.


Фӕлӕ уынӕм, ӕрмӕст цыбыр рӕстӕгмӕ зӕдтӕй дӕлдӕр ӕвӕрд кӕй ӕрцыди Йесо, уый фӕстӕ та кад ӕмӕ намысӕй схайджын ис. Хуыцау мах Йе стыр хорзӕхы аккаг кӕй скодта, уымӕ гӕсгӕ Уый махӕй алкӕй сӕраппонд дӕр мӕлӕт бавзӕрста.


Уый ацыд уӕларвмӕ, бады Хуыцауы рахизфарс, Йӕ дӕлбар сты ӕппӕт уӕларвон зӕдтӕ, барадтӕ ӕмӕ тыхтӕ.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan