9 О Бардарӕг, нӕ Хуыцау, Ды бараг ӕмӕ хатыргӕнаг дӕ, мах та Дӕ ныхмӕ сыстадыстӕм,
Давид Гадӕн загъта: «Тынг уӕззау уавӕры дӕн, фӕлӕ, адӕмы къухмӕ бахауыны фӕлтау уадз ӕмӕ Дунедарӕджы къухмӕ бахауӕм, — Уый бирӕбараг у».
Фехъус Дӕ цагъары ӕмӕ Дӕ адӕм Израилы куывд! Ацы бынатмӕ не ’ргом саразгӕйӕ-иу Дӕм куы скувӕм, уӕд-иу нын Дӕ цӕрӕнбынатӕй, уӕлӕрвтӕй, фехъус нӕ куывд ӕмӕ-иу нын нӕ азым ныббар!
Фӕлӕ сӕ уӕддӕр, рӕстаудӕг ӕмӕ барон Хуыцау, Де стыр хорзӕх уыди, ӕмӕ сӕ бахызтай бындзагъдӕй, нӕ сӕ ныууагътай.
Паддзах та цин кӕндзӕни Хуыцауыл. Хуыцауӕй сомыгӕнджытӕ райдзысты, фӕливджытӕ та багомыг уыдзысты.
Сионы тыххӕй дӕр дзурдзысты: «Ахӕм ӕмӕ ахӕм адӕймаг райгуырди уым, ӕмӕ уыцы сахарӕн фидар бындур Бӕрзӕндтыл Бадӕг Йӕхӕдӕг ӕрӕвӕрдта».
Ӕнаккаг йӕ хъуыддӕгтӕ ныууадзӕд, хӕлд — йӕ фӕндтӕ. Раздӕхӕнт Дунедарӕгмӕ — ныббардзӕн сын, раздӕхӕнт нӕ Хуыцаумӕ — бирӕбараг у Уый.
Мӕ зӕрдыл дарын Дунедарӕджы хӕрзтӕ, Дунедарӕджы кад. Уый Израилӕн бацыди бирӕ хӕрзты ӕмӕ сӕ ныронг дӕр дӕтты рӕдауӕй.
О Дунедарӕг! Нӕ хъуыддӕгтӕ ныл комдзог цӕуынц, фӕлӕ нӕ сӕрыл рахӕц Дӕ номы сӕраппонд, кӕд нӕ гадзрахаттӕ ӕнӕнымӕц сты ӕмӕ Дӕ разы тӕригъӕдтӕ фӕкодтам, уӕддӕр.
Фӕлӕ Израилы адӕм ӕдзӕрӕг ран Мӕ ныхмӕ фесты. Мӕ уагӕвӕрдтӕ Мын не ’ххӕст кодтой, Мӕ амындтытыл Мын суӕлӕхох сты, афтӕмӕй та уыдон, чи сӕ ӕххӕст кӕны, уымӕн цард дӕттынц. Фӕчъизи Мын кодтой Мӕ сабӕттӕ, ӕмӕ Ӕз загътон, ӕдзӕрӕг ран сыл Мӕ азар ныххуырсдзынӕн ӕмӕ сӕ бабын кӕндзынӕн, зӕгъгӕ.
Мах фӕтӕригъӕдджын ӕмӕ фӕазымджын стӕм Дӕ разы: знӕт ӕмӕ хивӕнд уыдыстӕм, Дӕ фӕдзӕхстытӕ ӕмӕ Дын Дӕ уагӕвӕрдтӕ не ’ххӕст кодтам.
Нӕ паддзӕхтӕ, не ’лдӕрттӕ, нӕ фыдӕлтӕ ӕмӕ не ’ппӕт адӕммӕ Дӕ номӕй чи дзырдта, уыцы пехуымпартӕм, Дӕ лӕггадгӕнджытӕм, нӕ хъуыстам.
Дунедарӕг, Ды кӕддӕриддӕр иузӕрдион дӕ, фӕлӕ мах, Йерусалимы цӕрджытӕ ӕмӕ иудейӕгтӕ, ӕгас Израилы адӕм, абоны онг фидиссагӕй цӕрӕм. Нӕ фыдракӕндты аххосӕй нӕ алы бӕстӕты ныххӕлиу кодтай.
О Дунедарӕг! Фидиссаг фесты нӕ сӕртӕ! Фидиссаг фӕуӕнт нӕ паддзӕхтӕ, не ’лдӕрттӕ ӕмӕ нӕ фыдӕлтӕ, уымӕн ӕмӕ фӕтӕригъӕдджын стӕм Дӕ разы.
Дунедарӕгмӕ скуывта: «О Дунедарӕг! Мӕхи бӕстӕйы ма куы цардтӕн, уӕд ууыл нӕ дзырдтон, мыййаг? Таршишмӕ лидзын дӕр уый тыххӕй сфӕнд кодтон, уымӕн ӕмӕ зыдтон, фӕлмӕнзӕрдӕ, бирӕбыхсаг, бирӕбараг Хуыцау кӕй дӕ ӕмӕ Дӕ фыдбылыз ӕруадзын кӕй нӕ фӕнды, уый.