Даниил 9:3 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст3-4 Ӕз мӕ уӕлӕ сӕхъис скодтон, мӕ сӕрыл рыг байзӕрстон ӕмӕ ком дардтон, куывтон ӕмӕ лӕгъстӕ кодтон мӕ Дунедарӕг Хуыцауӕн: «О Дунедарӕг, стыр ӕмӕ тасӕфтауӕг Хуыцау! Чи Дӕ уарзы ӕмӕ Дын Дӕ фӕдзӕхстытӕ чи ӕххӕст кӕны, уыдоныл иузӕрдион дӕ кӕддӕриддӕр. Faic an caibideil |
«Цӕугӕ ӕмӕ, Шушаны цы иудейӕгтӕ ис, уыдоны ӕрбамбырд кӕн, ӕмӕ мӕн тыххӕй ком бадарут — ӕртӕ боны ӕмӕ ӕртӕ ’хсӕвы хӕргӕ дӕр ӕмӕ нуазгӕ дӕр мацы бакӕнут. Ӕз дӕр мӕ лӕггадгӕнӕг сылгоймӕгтимӕ афтӕ ком дардзынӕн ӕмӕ стӕй, кӕд уагӕвӕрд уый нӕ бары, уӕддӕр паддзахмӕ бацӕудзынӕн ӕмӕ, кӕд мӕлон, уӕд уадз ӕмӕ амӕлон».