Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Даниил 9:23 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

23 Куыддӕр кувын ӕмӕ лӕгъстӕ кӕнын райдыдтай, афтӕ дын Хуыцау дӕ куывдӕн дзуапп радта, ӕмӕ ӕз ӕрцыдтӕн, цӕмӕй дын ӕй фехъусын кӕнон, уый тыххӕй, уымӕн ӕмӕ дӕ Хуыцау бирӕ уарзы. Уӕдӕ ацы уац ӕмӕ ацы цӕстылуайӕн бамбар.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Даниил 9:23
12 Iomraidhean Croise  

Амоцы фырт Исайа арвыста Езекиамӕ, цӕмӕй йын фехъусын кӕной: «Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг, Израилы Хуыцау: ды мӕм ӕххуысагур скуывтай, Ассирийы паддзах Санхерибӕй хъастгӕнгӕйӕ, ӕмӕ дӕ Ӕз фехъуыстон».


Дунедарӕг ӕнӕхуыцӕутты нывӕндтыл ӕлгъ кӕны, рӕстуды куывд ын ӕхсызгон у.


дӕ былты хӕрздӕф нуаздзынӕн сӕнау. — Уадз ацы сӕн мӕ былтӕй мӕ уарзонӕн йӕ комы ахъара!


ӕмӕ уыцы зӕххыл мӕнӕ ацы ӕртӕ лӕджы куы разыной — Ной, Даниил ӕмӕ Иов, уӕд уыдон дӕр сӕ рӕстады фӕрцы фервӕзын кӕндзысты ӕрмӕстдӕр сӕхи удтӕ, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау. —


«Адӕймаджы фырт! Дӕ цӕстытӕ кӕй уындӕй райынц, уый дын Ӕз ӕнӕнхъӕлӕджы байсдзынӕн, фӕлӕ-иу ды ма ску ӕмӕ ма ныхъхъарӕг кӕн, дӕ цӕстӕй иу сыг дӕр ма ’рхауӕд.


Дӕ исбон дын ратӕлӕт кӕндзысты, байсдзысты дын дӕ базайрӕгтӕ, ракалдзысты дӕ систӕ, фехалдзысты дӕ рӕсугъд хӕдзӕрттӕ, дӕ дуртӕ, дӕ бӕлӕстӕ ӕмӕ дын дӕ сыджыт та денджызы ныккалдзысты.


Персы паддзах Кир ӕртыккаг аз паддзахиуӕг куы кодта, уыцы заман, Белтешацар кӕй хуыдтой, уыцы Даниилӕн раргом ис уац фидӕны стыр хӕсты тыххӕй. Даниил уыцы ӕргомад бамбӕрста цӕстылуайӕны.


Уый мын загъта: «Ма тӕрс, Хуыцау дӕ бирӕ уарзы. Фӕрнджын у! Дӕхи фӕхъӕддых кӕн!» Цалынмӕ мемӕ дзырдта, уӕдмӕ мӕхимӕ ӕрцыдтӕн ӕмӕ загътон: «Дзур, мӕ хицау, раздӕхтай мын мӕ хъару».


Цыбыр рӕстӕгмӕ барджынтӕ ӕмӕ стыр хицӕутты ’хсӕн бӕрӕг дарын райдыдта, уымӕн ӕмӕ хайджын уыди алӕмӕты курдиатӕй. Дарийы фӕндыд Даниилы ӕгас паддзахады сӕргъы сӕвӕрын.


Уӕдӕ, пехуымпар Даниил куыд загъта, афтӕ уаз бынаты „ӕлгъаг заууат“ куы фенат, — чиныгкӕсӕг ӕй бамбарӕд, —


Зӕд ӕм бацыд ӕмӕ йын загъта: «Байрай, Хуыцауӕй арфӕгонд! Дунедарӕг демӕ ис. [Арфӕгонд дӕ сылгоймӕгты ӕхсӕн.]»


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan