Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Даниил 9:15 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

15 О Бардарӕг, нӕ Хуыцау! Дӕ хъаруйы фӕрцы Дӕ адӕмы ракодтай Мысыры зӕххӕй ӕмӕ абоны онг кады аккаг скодтай Дӕ ном, мах та иууылдӕр тӕригъӕдджын ӕмӕ аххосджын стӕм Дӕ разы.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Даниил 9:15
30 Iomraidhean Croise  

Уымӕн ӕмӕ уыдон Дӕ адӕм сты, Дӕ исбон; Ды сӕ ракодтай Мысырӕй — згъӕртайынгӕнӕн куынцгомӕй.


Уый уымӕн, ӕмӕ, сӕ фыдӕлтӕ Мысырӕй куы рацыдысты, уӕдӕй нырмӕ Мӕ цӕсты раз ӕнаккаг митӕ кӕнынц».


ӕмӕ, уацары цы зӕххыл уой, уым зӕрдиагӕй куы ’рфӕсмон кӕной, се ’ргом Дӕм куы раздахой ӕмӕ Дын лӕгъстӕ куы кӕной, тӕригъӕды бацыдыстӕм, фыдракӕнд сарӕзтам ӕмӕ азымджын стӕм, зӕгъгӕ,


Дӕ цагъартӕ ӕмӕ Дӕ адӕм куы сты, Де стыр хъару ӕмӕ Дӕ хъомысджын къухы фӕрцы кӕй фервӕзын кодтай, уыдон!


Байхъус мӕм лӕмбынӕг, Дӕ цӕстытӕй мӕм ӕркӕс ӕмӕ мын айс мӕ куывд! Бон дӕр ӕмӕ ӕхсӕв дӕр Дӕумӕ у ме скаст, ӕмӕ саккаг кӕн: батӕригъӕд кӕн израилӕгтӕн, ныххатыр нын кӕн, ӕз дӕр ӕмӕ мӕ фыды хӕдзар дӕр Дӕ разы цы тӕригъӕдты бацыдыстӕм, уыдон!


ӕмӕ Ды ӕмбисондӕн хӕссыны ӕвдисӕйнӕгтӕ ӕмӕ диссӕгтӕ равдыстай фараоны, йе ’ппӕт цагъарты ӕмӕ йӕ бӕстӕйы ӕппӕт адӕмы раз, уымӕн ӕмӕ Ды зыдтай, сӕ къӕхты бын нӕ куыд кодтой, уый, ӕмӕ уымӕй Дӕхицӕн ном скодтай абоны онг.


Уӕдӕ стауӕнт Дунедарӕджы Йӕ хорзӕхы тыххӕй, адӕмӕн цы диссаджы хъуыддӕгтӕ сарӕзта, уыдоны тыххӕй!


Фидӕны сымах уӕ фырттӕ куы фӕрсой, ацы ӕгъдау цы амоны, зӕгъгӕ, уӕд-иу сын зӕгъут, ацы ӕгъдау нын нӕ зӕрдыл ӕрӕфтауы, Дунедарӕг нӕ Мысырӕй — цагъары ӕфсондзы бынӕй — куыд ракодта, уый.


Уый уӕд уӕ къухтыл нысанау ӕмӕ уӕ ныхтыл уаццаджы хуызӕн бастау, уымӕн ӕмӕ уӕ Дунедарӕг Йе стыр хъомысы фӕрцы ракодта Мысырӕй».


Моисей адӕмӕн загъта: «Уӕ зӕрдыл бадарут ацы бон, Дунедарӕг уӕ Йе стыр хъомысы фӕрцы Мысырӕй — цагъары ӕфсондзы бынӕй — цы бон ракодта, уый. Уыцы бон ӕнхъызт дзул макуы бахӕрут.


Гъемӕ уын уый нысаны хуызӕн уӕд къухыл ӕмӕ ныхыл, цӕмӕй уӕ макуы ферох уа Дунедарӕджы ӕгъдау, уӕ былалгъыл уа ӕдзухдӕр, уымӕн ӕмӕ уӕ Йе стыр хъомысы фӕрцы Дунедарӕг ракодта Мысырӕй.


Мысырӕгтӕ базондзысты, Дунедарӕг Чи у, уый, фараонӕн йӕхиуыл дӕр, йӕ тохуӕрдӕттыл дӕр ӕмӕ йӕ бӕхджынтыл дӕр Мӕ хъомыс куы бавзарон, уӕд!»


Фӕлӕ Моисей лӕгъстӕ кӕнын байдыдта Дунедарӕгӕн, йӕ Хуыцауӕн: «О Дунедарӕг! Цӕй тыххӕй судзы Дӕ маст Дӕ адӕммӕ — Мысыры зӕххӕй Де стыр хъару, Де стыр хъомысы фӕрцы кӕй ракодтай, уыдонмӕ?


Дунедарӕг Моисейӕн загъта: «Фендзынӕ, Ӕз фараонӕн цытӕ бакӕндзынӕн, уый. Мӕ къухы уӕз ыл ӕруадздзынӕн, ӕмӕ уӕд уый ауадздзӕнис израилӕгты. Мӕ хъомысджын къухы бын сӕ суанг сургӕ дӕр фӕкӕндзӕни йӕ зӕххӕй».


Мӕ номӕй зӕгъ израилӕгтӕн: „Ӕз — Дунедарӕг, ракӕндзынӕн уӕ Мысыры ӕфсондзы бынӕй, суӕгъд уӕ кӕндзынӕн цагъары къӕлӕтӕй. Ме стыр хъомысы фӕрцы уӕ фервӕзын кӕндзынӕн, уе ’фхӕрджыты та уын бафхӕрдзынӕн.


Фӕлӕ дӕ удӕгасӕй ныууагътон, цӕмӕй дын равдисон Мӕ хъомыс, цӕмӕй Мӕ ном айхъуыса ӕппӕт зӕххы цъарыл.


Сындзкъутӕры бӕсты ӕрзайдзӕни кипарис, пысырайы бӕсты та — мирт. Ӕмӕ уый уыдзӕни Дунедарӕджы кадӕн, уыдзӕни мыггагмӕйы ӕвдисӕйнаг, ӕнӕфехалгӕ нысан.


Ды иунӕг Хуыцау дӕ, йӕ зӕрдӕ Дыл чи дардта, уыдонӕн бирӕ хӕрзты Чи бацыд, Уый. Ӕндӕр хуыцауы тыххӕй нӕдӕр фехъуыстӕуыд, нӕдӕр ӕй цӕстӕй фендӕуыд.


Дунедарӕг, нӕхи ӕмӕ нӕ фыдӕлты фыдракӕндтыл сӕттӕм, фӕтӕригъӕдджын стӕм Дӕ разы.


Ӕлхӕды ӕвдисӕндар ныффыстон ӕмӕ йыл мыхуыр сӕвӕрдтон. Ӕвдисӕнтӕм фӕдзырдтон ӕмӕ ӕвзист барӕныл сбарстон.


Тӕригъӕдтӕ фӕкодтам, нӕ Дӕм хъуыстам, — Ды нын нӕ ныббарстай!


Фӕлӕ уый, Мӕ амындтыты ныхмӕ рацӕугӕйӕ, муртаттӕгтӕй ӕмӕ, йӕ алыварс цы бӕстӕтӕ ис, уыдонӕй фыддӕр фӕци, уымӕн ӕмӕ йӕ цӕрджытӕ се ’ргом аздӕхтой Мӕ амындтытӕй, Мӕ уагӕвӕрдтӕ Мын не ’ххӕст кӕнынц».


Мах фӕтӕригъӕдджын ӕмӕ фӕазымджын стӕм Дӕ разы: знӕт ӕмӕ хивӕнд уыдыстӕм, Дӕ фӕдзӕхстытӕ ӕмӕ Дын Дӕ уагӕвӕрдтӕ не ’ххӕст кодтам.


Фырт ын загъта: „Мӕ фыд, ӕз тӕригъӕд ракодтон уӕларв ӕмӕ дӕ разы ӕмӕ дӕ фырты ном хӕссыны аккаг нал дӕн“.


Хъалонисӕг та дӕрддзӕф лӕууыд ӕмӕ арвмӕ скӕсын дӕр нӕ уӕндыди, ӕрмӕст йӕ риу хоста ӕмӕ дзырдта: „Хуыцау, ныббар мын, тӕригъӕдджын дӕн ӕз“.


Мах кастыстӕм мӕлӕты дзыхмӕ, ӕмӕ нӕ дзы Хуыцау бахызта. Нӕ зӕрдӕ дарӕм, Уый та нӕ ногӕй кӕй фервӕзын кӕндзӕни,


Дӕ зӕрдыл дар, ды цагъар кӕй уыдтӕ Мысыры, ӕмӕ дыл Дунедарӕг, дӕ Хуыцау, Йӕ арм кӕй дардта ӕмӕ дӕ Йӕ хъомысджын къухы фӕрцы уырдыгӕй кӕй ракодта. Уый тыххӕй дын бафӕдзӕхста Дунедарӕг, дӕ Хуыцау, сабат нымайын.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan