Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Даниил 9:12 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

12 Нӕ адӕм ӕмӕ нӕ хицӕутты тыххӕй Хуыцау цыдӕриддӕр загъта, уыдон иууылдӕр сӕххӕст кодта: арвы бын чи нӕма ’рцыди, ахӕм фыдӕхы хай бакодта Йерусалимы.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Даниил 9:12
31 Iomraidhean Croise  

Уӕдӕ ратт мӕнӕн, дӕ цагъарӕн, ӕмбаргӕ зӕрдӕ, цӕмӕй мӕ бон уа Дӕ адӕмӕн тӕрхон кӕнын ӕмӕ хорз ӕмӕ ӕвзӕр кӕрӕдзийӕ иртасын. Ӕнӕ уымӕй чи бафӕраздзӕн ацы стыр адӕмӕн уаг ӕрӕвӕрын?»


„Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг: Ӕз ацы сахар ӕмӕ йӕ цӕрджыты фыдбылызы амӕттаг бакӕндзынӕн, Иудейы паддзах цы чиныг бакаст, уым куыд фыст ис, афтӕ.


Уый уынаффӕгӕнджытӕн сӕ сӕрызонд фесафы, тӕрхонгӕнджыты сӕдылы кӕны.


дунейы ӕппӕт паддзӕхтӕ, ӕппӕт адӕмтӕ, ӕппӕт барджынтӕ ӕмӕ дунейы ӕппӕт тӕрхонгӕнджытӕ,


Уӕдӕ уӕхи ӕрӕмбарут, паддзӕхтӕ, уӕхимӕ ӕрцӕут, зӕххон барджынтӕ!


бӕстӕты хицӕуттӕ ӕмӕ ’лдӕрттӕ, дунейы ӕппӕт тӕрхоны лӕгтӕ хицауиуӕг кӕнынц мӕ фӕрцы.


Уымӕ гӕсгӕ уын Ӕз уӕ сауджынты сӕгад кӕндзынӕн, Йаковы байзӕддаджы Мӕ азары хай бакӕндзынӕн, Израилы ныффидиссаг кӕндзынӕн».


Мӕ цагъарӕн сфидар кӕнын йӕ пехуымпар ныхас, сӕххӕст кӕнын Ме ’рвыст лӕгты дзырд. Ныр Йерусалимӕн зӕгъын, дӕ мидӕг та ӕрцӕрӕнт адӕм, зӕгъгӕ. Иудейы сахартӕн дӕр зӕгъын, ногӕй та арӕзт ӕрцӕудзыстут, уӕ кӕлддзӕгты бынаты ног хӕдзӕрттӕ сараздзынӕн, зӕгъгӕ.


О, додой! Ахӕм ӕвирхъау бон никуыма ӕрцыд! Йаковӕн йӕ фыдбылызы рӕстӕг ӕрхӕццӕ кӕны, фӕлӕ фервӕздзӕн.


Уыдон ӕм ӕрбацыдысты ӕмӕ йӕ бацахстой, фӕлӕ Дын Дӕ ныхасмӕ нӕ хъуыстой, Де ’Гъдаумӕ гӕсгӕ нӕ цардысты. Цы сын бафӕдзӕхстай, уыдӕттӕ не ’ххӕст кодтой, ӕмӕ сыл Ды ацы фыдбылызтӕ уымӕн ӕруагътай.


«Ацу ӕмӕ эфиопаг Еведмелехӕн зӕгъ: „Уӕларвӕфсады Бардарӕг, Израилы Хуыцау, афтӕ зӕгъы: ацы сахарӕн Ӕз рагацау цы снысан кодтон, уый ныр сӕххӕст кӕндзынӕн — йӕ фарнӕн нӕ, фӕлӕ йӕ фыдбылызӕн. Рӕстӕг куы ’рцӕуа, уӕд, Мӕ ныхӕстӕ куыд сӕххӕст уыдзысты, уый дӕхи цӕстӕй фендзынӕ.


Ӕндӕр хуыцӕуттӕн буд судзгӕйӕ, Дунедарӕджы раз фӕтӕригъӕдджын стут, Дунедарӕджы ныхасмӕ нӕ хъуыстат. Йе ’Гъдау, Йӕ уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ Йӕ фӕдзӕхстытӕ Йын не ’ххӕст кодтат, ӕмӕ уыл ныр ацы бӕллӕх дӕр уымӕн ӕрцыди».


Фӕндаггӕттӕ! Цӕут мӕ рӕзты, фӕлӕ-ма ӕрбакӕсут: ӕз цы хъизӕмар ӕвзарын, ахӕм ма искуы фендӕуыд? Уӕ, Дунедарӕг ӕй мӕныл йӕ судзгӕ масты бон куы бафтыдта!


Йерусалим! Цӕуыл дӕ абарон, цы дын зӕгъон? Куыд дӕ ’рсабыр кӕнон, Сионы чызг!? Ӕнӕбын денджызау у арф дӕ рыст. Кӕй бон у сдзӕбӕх кӕнын дӕу?


Дунедарӕг сӕххӕст кодта Йӕ фӕндон, рагзаманы цы загъта, уый ӕрцыди, — ӕгъатырӕй дӕ ныр дӕрӕн кӕны, фыдгултӕн дӕ хынджылӕггаг скодта. О, радта сын уӕлахиз!


О мӕ адӕм! Содом дӕр ахӕм карз ӕфхӕрд нӕ баййӕфта, — уый бабын иу уысммӕ, лӕджы къух ыл нӕ бандзӕвыд.


Сӕ цӕстылуайӕнтӕ мӕнг сты, сӕ рагуацтӕ — фӕлывд. Уыдон дзурынц, Дунедарӕг загъта, зӕгъгӕ, фӕлӕ сӕ Дунедарӕг нӕ рарвыста, афтӕмӕй зӕрдӕ бавӕрынц, нӕ дзырд, дам, сӕххӕст уыдзӕн.


Ныронг дын цы нӕ бакодтон ӕмӕ дын фидӕны дӕр цы нал бакӕндзынӕн, уый дын бакӕндзынӕн ныр де ’ппӕт ӕлгъаг миты тыххӕй.


Уыцы рӕстӕджы фӕзындзӕни хъомысджын хицау Михаел ӕмӕ дӕ адӕмы сӕрыл растдзӕн, уымӕн ӕмӕ ралӕудзӕнис, адӕмы сфӕлдыстӕй абоны онг чи нӕма ’рцыди, ахӕм фыдӕвзарӕн дуг. Уыцы заман дӕ адӕмӕй царды чиныджы фыст чи разына, уыдон иууылдӕр фервӕздзысты.


Уыцы бон талынг, мигъ ӕмӕ асӕст у. Ӕнӕнымӕц ӕмӕ тыхджын адӕм сӕуӕхсидау апырх уыдзысты хӕхтыл. Ӕнусты райдианӕй ахӕм адӕм никуы уыдис ӕмӕ нӕ уыдзӕн.


ӕгас зӕххыл цы адӕмтӕ ис, уыдоны ’хсӕн сымах равзӕрстон. Уымӕ гӕсгӕ уын уӕ тӕригъӕдтӕй иунӕг дӕр нӕ ныббардзынӕн.


Фӕлӕ Мӕ лӕггадгӕнджытӕн, Мӕ пехуымпартӕн, Ӕз цы ныхӕстӕ ӕмӕ цы уагӕвӕрдтӕ бафӕдзӕхстон, уыдон уӕ фыдӕлты нӕ баййӕфтой ӕцӕг? Ӕмӕ Мӕм уӕд раздӕхтысты ӕмӕ дзырдтой: „Уӕларвӕфсады Бардарӕг нын, нӕ фӕндӕгтӕ ӕмӕ нӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ цӕй аккаг уыдыстӕм, уый бакодта“».


Ӕхсӕвы ӕз федтон ахӕм ныв: тӕрфы, мирт бӕлӕсты ’хсӕн, иу барӕг сырх бӕхыл лӕууыд, йӕ фӕстӕ та — сырх, морӕ ӕмӕ урс бӕхтӕ.


Сӕ зӕрдӕтӕ ныддур кодтой, цӕмӕй сӕм Уӕларвӕфсады Бардарӕг Йӕ Уды хъомысы руаджы пехуымпарты дзыхӕй цы Ӕгъдау ӕмӕ цы ныхӕстӕ ӕрвыста, уыдон ма хъусой. Ӕмӕ сӕм уый тыххӕй Уӕларвӕфсады Бардарӕг тынг смӕсты ис.


Уымӕн ӕмӕ уӕд ӕрцӕудзысты, Хуыцау дуне куы сфӕлдыста, уӕдӕй нырмӕ чи нӕма ӕрцыд ӕмӕ нал ӕрцӕудзӕнис, ахӕм стыр бӕллӕхтӕ.


Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: цалынмӕ арв ӕмӕ зӕхх сты, уӕдмӕ Ӕгъдауӕй иу дамгъӕ кӕнӕ иу хахх дӕр нӕ фӕхъӕудзӕн — ӕппӕт дӕр сӕххӕст уыдзӕн.


Уымӕн ӕмӕ уыцы бонты ӕрцӕудзӕн, дунесфӕлдыстӕй нырмӕ чи нӕма ӕрцыд ӕмӕ нырӕй фӕстӕмӕ дӕр чи нал ӕрцӕудзӕн, ахӕм ӕвирхъау бӕллӕх.


Уымӕн ӕмӕ уыцы бонтӕ сты мастисӕн бонтӕ, цӕмӕй йӕ райдайӕнӕй йӕ кӕронмӕ сӕххӕст уа, Сыгъдӕг Фыст цы зӕгъы, уый.


Зӕгъын уын, Хуыцау Йӕ дзырд кӕй нӕ сайы, уый равдисыны тыххӕй Чырысти сунӕтгӕндтӕн сси лӕггадгӕнӕг, цӕмӕй сӕххӕст кӕна, Хуыцау сын сӕ рагфыдӕлтӕн зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уый


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan