Даниил 9:1 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст1-2 Халдейӕгты паддзах сси мидиаг Ксерксы фырт Дарий. Ӕз, Даниил, йӕ паддзахиуӕджы фыццаг аз сагъӕсы бацыдтӕн, Дунедарӕг пехуымпар Йеремиайӕн Сыгъдӕг Фысты цы раргом кодта, уый фӕдыл. Куыд бамбӕрстон, афтӕмӕй Йерусалимы сахар дӕс ӕмӕ ӕртиссӕдз азы дӕргъы хъуамӕ гӕныстонӕй лӕууыдаид. Faic an caibideil |