Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Даниил 8:9 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

9 Сыкъатӕй иуыл разади гыццыл сыкъа, уый фӕстӕ бӕлвырд фестырдӕр, аххӕссыд хуссармӕ, скӕсӕнмӕ ӕмӕ алӕмӕты рӕсугъд бӕстӕм.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Даниил 8:9
12 Iomraidhean Croise  

Адӕм сӕ къух ауыгътой бӕллиццаг зӕххыл, нӕ баууӕндыдысты Хуыцауы ныхасыл.


Байхъусут, ӕппӕт адӕмтӕ, уӕ хъус ӕрдарут, дун-дунейы ӕппӕт цӕрджытӕ:


Ӕз загътон: «Мӕ фыртыл дӕ куыд банымайон? Бӕллиццаг бӕстӕ, адӕмты хуыздӕр исбон, дӕуӕн куыд раттон? Ӕз ӕнхъӕлдтон, схондзынӕ мӕ дӕ Фыд, гадзрахатӕй Мыл нӕ рацӕудзынӕ.


Уымӕ гӕсгӕ ӕдзӕрӕг быдыры Мӕ къух уӕлӕмӕ систон ӕмӕ сын расомы кодтон, кӕй сӕ нӕ акӕндзынӕн, цы зӕхх сын равзӕрстон — ӕхсыр ӕмӕ мыд кӕцӕй хъары, уырдӕм, ӕппӕт зӕххыты диссагдӕрмӕ.


Уыцы бон сын Ӕз, Мӕ къух уӕлӕмӕ сисгӕйӕ, расомы кодтон, Мысыры зӕххӕй сӕ кӕй ракӕндзынӕн, цы зӕхх сын равзӕрстон — ӕхсыр ӕмӕ мыд кӕцӕй хъары, уырдӕм, ӕппӕт зӕххыты диссагдӕрмӕ.


Ӕрбабырсӕг паддзах, цы йӕ фӕнда, уыдӕттӕ кӕндзӕн, ӕрфидар уыдзӕн алӕмӕты рӕсугъд бӕстӕйы, алцыдӕр уыдзӕни йӕ дӕлбар. Никӕй бон уыдзӕн йӕ ныхмӕ хӕцын,


Йӕ бынат ын иу ӕнаккаг паддзах бацахсдзӕн, ӕппындӕр ӕм ницы бартӕ уыдзӕн, афтӕмӕй. Ӕнӕнхъӕлӕджы фӕзындзӕн ӕмӕ козбау миты фӕрцы паддзахад бацахсдзӕн.


Ӕз лӕмбынӕг кастӕн уыцы сыкъатӕм, ӕмӕ ма мӕнӕ се ’хсӕн иу гыццыл сыкъа фӕзынди. Уымӕн уыдис адӕймаджы цӕстытӕ, ӕмӕ, схъӕл ныхас чи кодта, ахӕм дзых. Иннӕ сыкъатӕй ӕртӕ сӕ бындзарӕй срӕдывдӕуыд, цӕмӕй йын бынат суӕгъд кӕной.


Кӕй нӕ зыдтой, уыцы адӕмты ’хсӕн сӕ ныххӕлиу кодтон, сӕ фӕстӕ ацы зӕхх гӕныстонмӕ ’рцыди. Иунӕг цӕуӕг ыл нал баззад, бӕллиццаг зӕхх ӕдзӕрӕг быдыр фестын кодтой».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan