Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Даниил 8:8 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

8 Цасдӕр рӕстӕджы фӕстӕ цӕу бынтон стыхджын ис. Йе стыр сыкъа куы асасти, уӕд йӕ бынаты разад ӕндӕр цыппар сыкъайы. Уыдон арӕзт уыдысты цӕгат, хуссар, скӕсӕн ӕмӕ ныгуылӕнӕрдӕм.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Даниил 8:8
19 Iomraidhean Croise  

Фӕлӕ куы схъомысджын ис, уӕд йе ’намондӕн йӕ сӕр ӕгӕр бӕрзӕндты хӕссын байдыдта ӕмӕ Дунедарӕджы, йӕ Хуыцауы ныхмӕ, сарӕзта фыдракӕнд. Дунедарӕджы Кувӕндонмӕ бацыди, цӕмӕй будсудзӕн нывондхӕссӕныл хӕрздӕфгӕнӕнтӕ ссудза.


Уымӕн ӕмӕ бирӕ бартӕ уыди Мардохейӕн паддзахы хӕдзары. Йӕ кой паддзахады алы кӕрӕттӕм айхъуысти. Бонӕй-бон хъомысджындӕр кодта.


Арвы цыппар кӕронӕй Еламы бӕстӕм цыппар дымгӕйы арвитдзынӕн ӕмӕ йӕ цыппар дымгӕйыл ныффӕйлаудзынӕн. Тард еламӕгтӕ кӕй зӕхмӕ не ’рцӕудзысты, ахӕм адӕмыхатт нал баззайдзӕн.


Маргъӕй йедзаг къалатийау сӕ хӕдзӕрттӕ байдзаг сты мӕнгдзинадӕй, скадджын ӕмӕ схъӕздыг сты.


Сбирӕ дӕ кодтон быдыры кӕрдӕгау. Ды байрӕзтӕ, сыстыр дӕ ӕмӕ дӕ хуыз скалдтай. Дӕ риутӕ фӕбӕрӕг сты, дӕ дзыкку ӕрдаргъ, фӕлӕ уыдтӕ мадард бӕгънӕг.


Ӕмӕ уӕд дӕ марӕджы раз дӕр, адӕймаг уӕвгӕйӕ, афтӕ зӕгъдзынӕ, мыййаг, ӕз хуыцау дӕн, зӕгъгӕ?


Фӕлӕ куыддӕр паддзахы бынат бацахса, афтӕ йӕ бӕстӕйы иудзинад нал уыдзӕн, ӕмӕ йӕ паддзахад цыппар дихы фӕуыдзӕн. Паддзахы цотмӕ паддзахады хӕйттӕй ницы ’рхаудзӕн, стӕй паддзахад, уый заманы куыд уыди, афтӕ тыхджын нал уыдзӕн.


Афон куы ралӕууыд, уӕд ӕз, Навуходоносор, арвмӕ скастӕн, ӕмӕ мӕ зонд мӕхимӕ ’рцыди. Уӕд арфӕ ракодтон Иууылбӕрзондӕн, Ӕнусмӕ Цӕрӕгӕн скад кодтон. Уый паддзахиуӕг кӕны фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ, мыггагӕй-мыггагмӕ.


Фӕлӕ хъал ӕмӕ сӕрыстыр кӕй сси, уый тыххӕй йӕ паддзахы бынатӕй фӕхауди ӕмӕ йӕ кадӕй ӕнӕхай фӕци.


Даниил йӕ ныхас райдыдта афтӕ: «Ӕхсӕвы ӕз цӕстылуайӕны федтон, цыппар уӕларвон дымгӕйы денджыз куыд змӕнтынц, уый.


Ӕртыккаг сырд — фыранчы хуызӕн, йӕ фӕсонтыл та — цыппар базыры, маргъы базыртӕ. Ноджы йын уыдис цыппар сӕры, ӕмӕ йын хицауы бартӕ рардӕуыд.


Сыкъа кӕй асаст ӕмӕ йӕ бынаты цыппар ӕндӕр сыкъайы кӕй разад, уый та амоны: уыцы паддзахады бӕсты фӕзындзӕн цыппар ӕндӕр паддзахады, фӕлӕ сӕм уый хуызӕн хъомыс нӕ уыдзӕн.


Ӕз, цы федтон, ууыл хъуыды кодтон. Уалынмӕ дын мӕнӕ ныгуылӕнӕрдыгӕй ӕрбацӕуы цӕу, йӕ къӕхтӕ зӕххыл ныдзӕвгӕ дӕр нӕ кӕнынц, афтӕмӕй. Цӕуӕн йӕ цӕстыты ӕхсӕн уыди стыр сыкъа.


Куыд ӕм хӕстӕг кодта, афтӕ тынгӕй-тынгдӕр абухта. Уыциу цӕф ӕй ныккодта ӕмӕ йын йӕ дыууӕ сыкъайы дӕр ӕрбасаста. Фырмӕ цӕуы ныхмӕ фӕлӕууыны хъару нӕ разынди, цӕу ӕй зӕххыл афӕлдӕхта, йӕ къӕхтӕй йӕ ссӕста, ӕмӕ йын баххуысгӕнӕг нӕ уыд.


Сыкъауадындз хъӕрӕй ныууасдзӕн, ӕмӕ Адӕймаджы Фырт рарвитдзӕн Йӕ зӕдты, ӕмӕ Йын Йе ’взӕрстыты алы рӕттӕй ӕрӕмбырд кӕндзысты — арвы иу кӕронӕй иннӕ кӕронмӕ.


Ӕмӕ уӕд арвитдзӕни Йӕ зӕдты ӕмӕ алы рӕттӕй — зӕххы кӕронӕй арвы кӕронмӕ — Йе ’взӕрстыты ӕрӕмбырд кӕндзӕн.


Сӕ фыдӕлтӕн куыд басомы кодтон, афтӕ сӕ Ӕз, ӕхсыр ӕмӕ мыд кӕцӕй хъары, уыцы зӕхмӕ бакӕндзынӕн, ӕмӕ, ӕххормаг цы у, уый куынӕуал зоной ӕмӕ сыл хуыз куы фӕхӕца, уӕд ӕндӕр хуыцӕуттӕм аздӕхдзысты ӕмӕ уыдонӕн лӕггад кӕндзысты, Мӕн та ферох кӕндзысты, Мӕ фидыды сӕрты ахиздзысты.


Ӕппӕт уыдӕтты фӕстӕ ӕз федтон цыппар зӕды. Уыдон лӕууыдысты зӕххы цыппар кӕроны ӕмӕ хӕцыдысты цыппар зӕххон дымгӕйыл, нӕдӕр зӕххыл, нӕдӕр денджызыл, нӕдӕр бӕлӕстыл куыннӕ дымой, афтӕ.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan