Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Даниил 8:7 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

7 Куыд ӕм хӕстӕг кодта, афтӕ тынгӕй-тынгдӕр абухта. Уыциу цӕф ӕй ныккодта ӕмӕ йын йӕ дыууӕ сыкъайы дӕр ӕрбасаста. Фырмӕ цӕуы ныхмӕ фӕлӕууыны хъару нӕ разынди, цӕу ӕй зӕххыл афӕлдӕхта, йӕ къӕхтӕй йӕ ссӕста, ӕмӕ йын баххуысгӕнӕг нӕ уыд.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Даниил 8:7
8 Iomraidhean Croise  

Хуссары паддзах тынг смӕсты уыдзӕн ӕмӕ цӕгаты паддзахы ’фсадимӕ тохы бацӕудзӕн. Цӕгаты паддзах ноджы фылдӕр ӕфсӕдтӕ ӕрӕмбырд кӕндзӕн, фӕлӕ иууылдӕр йе знаджы амӕттаг бауыдзысты.


Иннӕ сырдтӕн дӕр сӕ раздӕры бартӕ байстой, фӕлӕ сӕ ӕмгъуыдмӕ удӕгасӕй ныууагътой.


Цыппӕрӕм сырд уыди ӕвирхъау тӕссаг ӕмӕ тынг тыхджын, стыр ӕфсӕйнаг дӕндӕгтимӕ. Алцыдӕр хордта ӕмӕ дӕрӕн кодта, уӕлдӕйттӕ та йӕ къӕхты бын ссӕста. Иннӕ сырдтӕй иуы хуызӕн дӕр нӕ уыд, ӕмӕ йын уыдис дӕс сыкъайы.


Ӕмӕ схӕццӕ уӕларвон ӕфсады онг. Уымӕн йӕ иу хай, стӕй стъалыты хай зӕхмӕ раппӕрста ӕмӕ сӕ йӕ къӕхты бын бассӕста.


Доны был цы фыр лӕууыд, уымӕ йӕ ных сарӕзта, ӕмӕ йӕм куы ӕрбахӕстӕг, уӕд ноджы тынгдӕр сызнӕт ис.


Цасдӕр рӕстӕджы фӕстӕ цӕу бынтон стыхджын ис. Йе стыр сыкъа куы асасти, уӕд йӕ бынаты разад ӕндӕр цыппар сыкъайы. Уыдон арӕзт уыдысты цӕгат, хуссар, скӕсӕн ӕмӕ ныгуылӕнӕрдӕм.


Гайы фӕдисӕттӕ фӕстӕмӕ фӕкастысты ӕмӕ, сӕ сахар куыд судзы, уый ауыдтой, йӕ фӕздӕг арвмӕ цавта. Налдӕр сын иуӕрдӕм фӕндаг уыди, налдӕр — иннӕрдӕм. Йешуаимӕ Израилы ӕфсадӕй ӕдзӕрӕг быдыры ’рдӕм ӕфсоны лыгъд чи кодта, уыдон дӕр сахары сӕрмӕ фӕздӕгӕй базыдтой, ӕмбӕхстӕй чи бадти, уыдон сахар кӕй байстой, ӕмӕ фӕстӕмӕ фездӕхтысты, сӕ сурджытыл сӕхи ныццавтой.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan