Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Даниил 8:4 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

4 Ӕз федтон, фыр йӕ сыкъатӕй ныгуылӕн, цӕгат ӕмӕ хуссарӕрдӕм куыд лӕбурдта, уый. Иу сырды бон дӕр йӕ ныхмӕ фӕлӕууын нӕ уыд, цыдӕриддӕр ӕй фӕндыди, уыдӕттӕ кодта, ӕмӕ дзы фервӕзыны амал нал уыди. Рӕстӕг куыд цыд, афтӕ тыхджынӕй-тыхджындӕр кодта.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Даниил 8:4
18 Iomraidhean Croise  

Сӕ иу, Кенаанайы фырт Цедекиа, йӕ сӕрыл ӕфсӕн сыкъатӕ ӕркодта ӕмӕ загъта: «Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: ахӕм сыкъатӕй сириӕгты цӕвдзынӕ, цалынмӕ бындзагъд фӕуой, уӕдмӕ».


Зоныс ӕй, азымджын кӕй нӕ дӕн, фӕлӕ мӕ Дӕ къухтӕй ничи фервӕзын кӕндзӕн.


Дӕ уӕрдоны ӕрбад — ӕцӕгад, сӕрныллӕгдзинад ӕмӕ рӕстдзинады сӕраппонд. Дӕ хъомысджын къух стыр хъуыддӕгтӕ саразӕд.


О Дунедарӕг, мӕ Хуыцау, Дӕумӕ агурын мӕхицӕн ӕмбӕхсӕн, ӕмӕ мӕ бахиз, мӕ фӕдыл зилджытӕй мӕ фервӕзын кӕн!


Ӕппӕт лӕмӕгъты дӕр сымах фесхойут уӕхскӕй ӕмӕ сынӕгӕй, цӕвут сӕ уӕ сытӕй, цалынмӕ сӕ дзугӕй иуварс нӕ асурут, уалынмӕ.


Ӕрбабырсӕг паддзах, цы йӕ фӕнда, уыдӕттӕ кӕндзӕн, ӕрфидар уыдзӕн алӕмӕты рӕсугъд бӕстӕйы, алцыдӕр уыдзӕни йӕ дӕлбар. Никӕй бон уыдзӕн йӕ ныхмӕ хӕцын,


Цӕгаты паддзах раздӕрау, цы йӕ фӕнда, уыдӕттӕ кӕндзӕн, тынг схъал уыдзӕн ӕмӕ йӕхи хуыцӕуттӕй уӕлдӕр сӕвӕрдзӕн. Хуыцӕутты Хуыцауы ныхмӕ ӕвирхъау фауӕн ныхӕстӕ кӕндзӕн ӕмӕ йӕ хъуыддӕгты уыдзӕни ӕнтыстджын, цалынмӕ уыцы уӕззау заманӕн йӕ кӕрон ӕрцӕуа, уӕдмӕ, уымӕн ӕмӕ, рагацау цы снысан чындӕуыд, уыдӕттӕ хъуамӕ иууылдӕр сӕххӕст уой.


Хуыцауы фӕрцы ахӕм хъомысджын сси, ӕмӕ ӕппӕт адӕмтӕ, алы ’взӕгтыл дзурджытӕ ӕмӕ адӕмыхӕттытӕ фыр тӕссӕй йӕ разы рызтызты. Марын ӕй кӕй фӕндыд, уый-иу амарын кодта, кӕй йӕ фӕндыд, уый та-иу удӕгасӕй ныууагъта. Кӕй-иу уӕлӕрвтӕм систа, кӕй та-иу ӕгады бынаты сӕвӕрдта.


Раст уыцы ӕхсӕв халдейӕгты паддзах Балтасары амардӕуыд,


Дыккаг сырд — арсы хуызӕн, фӕрсырдыгӕй лӕууы ӕмӕ йӕ комӕй, дӕндӕгты ӕхсӕнӕй, зыны ӕртӕ ссыры. Сырдӕн загъдӕуыд: „Сыст ӕмӕ дӕхи дзидзайӕ бафсад!“


Куыд ӕм хӕстӕг кодта, афтӕ тынгӕй-тынгдӕр абухта. Уыциу цӕф ӕй ныккодта ӕмӕ йын йӕ дыууӕ сыкъайы дӕр ӕрбасаста. Фырмӕ цӕуы ныхмӕ фӕлӕууыны хъару нӕ разынди, цӕу ӕй зӕххыл афӕлдӕхта, йӕ къӕхтӕй йӕ ссӕста, ӕмӕ йын баххуысгӕнӕг нӕ уыд.


Йаковы байзӕддӕгтӕй чи аирвӕза, уыдон ӕнӕнымӕц адӕмтӕ ӕмӕ знӕмты астӕу уыдзысты, домбай хъӕды сырдты, лӕппын домбай фысты рӕгъауы ’хсӕн куыд вӕййы, афтӕ: куы сӕм бабырсы, уӕд сӕ ныссӕнды ӕмӕ сӕ аскъуыдтӕ кӕны.


Уый — галы фыццаг цӕуӕт, фидыцджын, хъӕддаг галы сыкъатау — йӕ сыкъатӕ. Фелвасдзӕни сыл адӕмты, зӕххы кӕрӕттӕм дӕр аххӕсдзӕн. Уыцы сыкъатӕ — Ефремы фӕдонтӕ дӕсгай минтӕй, Менассиайы байзӕддӕгтӕ — мингӕйттӕй“.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan