Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Даниил 8:3 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

3 Кӕсын, ӕмӕ доны был лӕууы фыр. Йӕ сыкъатӕй иу разад фӕстӕдӕр, фӕлӕ уӕддӕр иннӕмӕй фестырдӕр ис.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Даниил 8:3
25 Iomraidhean Croise  

Давид йӕ цӕстытӕ хӕрдмӕ систа, ӕмӕ арвӕй зӕххы астӕу кардӕлвӕстӕй федта Дунедарӕджы зӕды, йӕ кард арӕзт уыди Йерусалимы ’рдӕм. Давид ӕмӕ йӕ адӕмы хистӕртӕ, сӕ уӕлӕ сӕхъистӕ, афтӕмӕй, зӕххыл ныддӕлгом сты.


«Афтӕ зӕгъы Кир, Персы паддзах: „Афтӕ зӕгъы Кир, Персы паддзах: дунейы ӕппӕт паддзахӕдтӕ мын иууылдӕр Дунедарӕг, уӕларвон Хуыцау, мӕ къухмӕ радта. Ӕмӕ мын бафӕдзӕхста, цӕмӕй Йын Йерусалимы, Иудейы зӕххыл, саразон Кувӕндон.


Цӕмӕй хъуыддагӕй мацы рауайа, уый тыххӕй уынаффӕгӕнджытӕн гӕртӕмттӕ лӕвӕрдтой. Афтӕ кодтой, Кир Персы паддзах куы уыди, уӕд. Афтӕ кодтой Дарийы паддзахиуӕджы райдайӕны онг.


Паддзах куы сси, уымӕн йе ’ртыккаг аз Ксеркс куывд скодта, йӕ уӕздӕттӕ ӕмӕ йӕ фӕсдзӕуинты иууылдӕр фӕхуыдта. Уым уыдысты персайнаг ӕмӕ мидиаг ӕфсӕддон разамонджытӕ, уӕздӕттӕ, йӕ паддзахады бӕстыхицӕуттӕ.


Дунедарӕг зӕгъы: «Ӕз сын сӕ ныхмӕ сардаудзынӕн, ӕвзистӕн аргъ чи нӕ кӕны ӕмӕ сыгъзӕринмӕ уазал ӕнгас чи дары, уыцы мидиӕгты.


Хуыцау мын фенын кодта тасуадзӕг цӕстылуайӕн: «Уӕйгӕнӕг гадзрахатӕй цӕуы, гӕныстонгӕнӕг стигъы. Бабырсут, еламӕгтӕ! Мидиӕгтӕ, ӕрхъула кӕнут! Ӕз кӕрон скӕндзынӕн адӕмты хъӕрзынӕн».


Кирӕн зӕгъын: „Мӕ адӕмӕн фыййау уыдзынӕ“. Уый Мын сӕххӕст кӕндзӕни Ме ’ппӕт фӕндтӕ дӕр. Йерусалимӕн зӕгъдзӕни: „Ногӕй дӕ рацараздзысты!“ Кувӕндонӕн зӕгъдзӕни: „Амад ӕрцӕудзынӕ!“»


Уӕ фӕттӕ сцыргъ кӕнут, байдзаг кӕнут уӕ фатдонтӕ! Дунедарӕг сцырен кодта Мидийы паддзӕхты, уымӕн ӕмӕ Йӕ зӕрды ис Вавилоны сахар бабын кӕнын. Уый у Дунедарӕджы мастисӕн тӕрхон, Йӕ Кувӕндоны маст сӕ райсдзӕн.


ӕз хӕрдмӕ скастӕн ӕмӕ федтон: лӕууы чидӕр, йӕ уӕлӕ — гӕн хъуымацӕй дарӕс, йӕ астӕуыл — рон, уфазаг сыгъзӕринӕй,


Дӕ фӕстӕ фӕзындзӕн ӕндӕр, лӕмӕгъдӕр, паддзахад, уый фӕстӕ та ӕртыккаг — ӕрхуы паддзахад. Йӕ паддзах ӕгас зӕххыл паддзахиуӕг кӕндзӕн.


ӕмӕ паддзах сси мидиаг Дарий. Уыцы заман Дарийыл цыди ӕхсай дыууӕ азы.


Дарий ӕмӕ персайнаг паддзах Киры заман дӕр Даниил паддзахады ахста зынгӕ бынат, царди фӕрнӕйдзагӕй.


Дыккаг сырд — арсы хуызӕн, фӕрсырдыгӕй лӕууы ӕмӕ йӕ комӕй, дӕндӕгты ӕхсӕнӕй, зыны ӕртӕ ссыры. Сырдӕн загъдӕуыд: „Сыст ӕмӕ дӕхи дзидзайӕ бафсад!“


Мӕ цӕстылуайӕны февзӕрдтӕн Еламы бӕсты, бырутӕй ӕхгӕд сахар Шушаны, Улайы доны был.


Ды федтай, дыууӕ сыкъайы кӕмӕн уыд, ахӕм фыры. Уыцы сыкъатӕ сты Перс ӕмӕ Мидийы паддзахӕдтӕ.


Ӕз хӕрдмӕ скастӕн ӕмӕ федтон цыппар сыкъайы.


Ногӕй хӕрдмӕ куы скастӕн, уӕд федтон нӕлгоймаджы. Йӕ къухы уыди зӕхбарӕн синаг.


Хӕрдмӕ та скастӕн ӕмӕ федтон: мӕнӕ уӕлдӕфы ӕрбатӕхы тухгӕ чиныг.


Мемӕ чи дзырдта, уыцы зӕд фӕзындис ӕмӕ загъта: «Скӕс-ма хӕрдмӕ, акӕс-ма, уый цы рацӕйзыны?»


Ӕз хӕрдмӕ скастӕн ӕмӕ федтон: кӕцӕйдӕр фӕзындысты дыууӕ базырджын сылгоймаджы. Сӕ базырты мидӕг уыди дымгӕ, сӕ базыртӕ — кӕсагласы базыртау. Мигӕнӕн фелвӕстой ӕмӕ йӕ уӕртӕ арв ӕмӕ зӕххы астӕу фӕхӕссынц.


Хӕрдмӕ та скастӕн ӕмӕ федтон: мӕнӕ комӕй, дыууӕ ӕрхуы хохы астӕуӕй, рацӕуынц цыппар уӕрдоны.


Балаам афӕлгӕсыд ӕмӕ федта Израилы фырттӕй алкӕй дӕр йӕ бынаты хӕдзарвӕндаггай лӕугӕ. Хуыцауы Уд ыл ӕртыхсти,


Иуахӕмы Йерихонмӕ хӕстӕг Йешуа кӕсы, ӕмӕ йӕ фӕндагыл кардӕлвӕстӕй лӕг лӕууы. Йешуа йӕм бацыд ӕмӕ йӕ бафарста: «Нӕ хӕлар дӕ ӕви не знаг?»


Ӕз федтон ӕндӕр сырды зӕххӕй рацӕйцӕугӕ. Уыдис ын уӕрыччы сыкъаты хуызӕн дыууӕ сыкъайы ӕмӕ дзырдта залиаг калмау.


Ӕз федтон: Хуыцау кӕм бады, уыцы бынаты хӕдастӕу лӕууыд Уӕрыкк, Йӕ алыварс та — цыппар уӕларвон удгоймаджы ӕмӕ цыппар ӕмӕ ссӕдз хистӕры. Уӕрыккӕн уыди, цыма Йӕ нывондӕн ӕрхастӕуыд, ахӕм хуыз. Уыдис Ын авд сыкъайы ӕмӕ авд цӕсты — ӕппӕт зӕхмӕ кӕй рарвыстӕуыд, Хуыцауы уыцы авд уды.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan