Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Даниил 8:27 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

27 Ӕз, Даниил, ахӕм ӕнӕбон сдӕн, ӕмӕ цалдӕр боны ӕруатон дӕн. Куы сдзӕбӕх дӕн, уӕд дарддӕр куыстон мӕ паддзахӕн. Цы мын раргом, уыдӕттӕ мӕ стыр дисы бафтыдтой, ӕмӕ сӕ мӕ бон ӕххӕстӕй бамбарын нӕ уыди.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Даниил 8:27
12 Iomraidhean Croise  

Уӕд чидӕр адӕймаджы хуызы мӕ разы февзӕрди ӕмӕ мын андзӕвыд мӕ былтыл. Мӕ бон дзурын сси, ӕмӕ, мӕ разы чи лӕууыд, уымӕн загътон: «Мӕ хицау, уыцы цӕстылуайӕны фӕстӕ тынг удхар кӕнын, мӕ хъару бынтондӕр басасти.


Ӕз иунӕгӕй аззадтӕн ӕмӕ уыцы диссагӕй мӕ цӕстытӕ нал истон. Мӕ хъару ӕрбайсӕфт, мӕ цӕсгомы хуызы цъыртт нал баззад.


Паддзах, уыцы бӕлас ды дӕ! Ды тынг номдзыд ӕмӕ хъомысджын дӕ! Дӕ кад уӕларвмӕ ӕххӕссы, ӕгас дунейы хицауиуӕг кӕныс.


Ӕз куыд фехъуыстон, афтӕмӕй ды хайджын дӕ Хуыцауы Удӕй ӕмӕ дын ис диссаджы сӕрызонд, дӕ куырыхон зонд дын абарӕн дӕр никӕимӕ ис.


Ууыл фӕци ныхас. Ӕз, Даниил, стыр тасы бацыдтӕн, хуызы цъыртт мӕ нал баззад, фӕлӕ, цыдӕриддӕр фехъуыстон, уыдон мӕ зӕрдӕйы арф бавӕрдтон».


Куы мӕм ӕрбахӕстӕг, уӕд фыр тӕссӕй зӕххыл ныддӕлгом дӕн. Уый мын загъта: «Адӕймаджы фырт, бамбар: цы федтай, уыдӕттӕ рӕстӕджы кӕронмӕ хауынц».


Мӕ цӕстылуайӕны февзӕрдтӕн Еламы бӕсты, бырутӕй ӕхгӕд сахар Шушаны, Улайы доны был.


Куыд ӕм хӕстӕг кодта, афтӕ тынгӕй-тынгдӕр абухта. Уыциу цӕф ӕй ныккодта ӕмӕ йын йӕ дыууӕ сыкъайы дӕр ӕрбасаста. Фырмӕ цӕуы ныхмӕ фӕлӕууыны хъару нӕ разынди, цӕу ӕй зӕххыл афӕлдӕхта, йӕ къӕхтӕй йӕ ссӕста, ӕмӕ йын баххуысгӕнӕг нӕ уыд.


Куы фехъуыстон ӕз ацы уац — мӕ зӕрдӕ барызти. Дӕ хъӕлӕсӕй ныззыр-зыр кодтой былтӕ, рыст ме стджыты дӕр ахызти. Мӕ къӕхты бын ӕз нал ӕмбӕрстон зӕхх, фӕлӕ фӕразонӕй кӕсдзынӕн ӕз ӕнхъӕлмӕ не знӕгты фыдбылызмӕ.


Самуел та схуыссыд. Райсомӕй байгом кодта Дунедарӕджы хӕдзары дуӕрттӕ. Дунедарӕгӕй цы фехъуыста, уый нӕ уӕндыд Елиайӕн схъӕр кӕнын,


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan