Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Даниил 8:23 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

23 Сӕ кӕрон куы ’рцӕуа ӕмӕ сӕ фыдракӕндтӕ куы сбирӕ уой, уӕд фӕзындзӕни цъаммар ӕмӕ мӕнгард паддзах.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Даниил 8:23
23 Iomraidhean Croise  

Дӕ байзӕддӕгтӕн ӕрмӕст сӕ цыппӕрӕм фӕлтӕр ӕрбаздӕхдзысты ардӕм, уымӕн ӕмӕ аморӕгты тӕригъӕдтӕ фаг нӕма сбирӕ сты».


ӕмбисӕндтӕ, куырыхонты зыниртасӕн ныхӕстӕ, уыци-уыцитӕ бамбардзысты.


Ӕмӕ афтӕмӕй Мӕ адӕм Израилыл, зӕхх чи ӕрӕмбӕрзы, уыцы мигъау ныххуырсдзынӕ дӕхи. Уый уыдзӕни фӕстаг заман. Ӕз дӕ ракӕндзынӕн Мӕ бӕстӕйы ныхмӕ, Гог, цӕмӕй Мӕ ӕппӕт адӕмтӕ базоной, сӕ цӕстыты раз дын цы бакӕндзынӕн, уый фӕрцы сын Мӕ уаз ном куы раргом кӕнон, уӕд.


Дзӕвгар рӕстӕджы фӕстӕ бахъӕудзӕни дӕ сӕр. Фидӕны азты ды ӕрцӕудзынӕ, карды азарӕй чи фервӕздзӕн, уыцы бӕстӕм, бирӕ ӕцӕгӕлон адӕмты ’хсӕнӕй уырдӕм чи ӕрбаздӕхдзӕн, уыцы адӕммӕ, иудадзыг гӕныстон чи уыд, Израилы уыцы хӕхтӕм. Йӕ цӕрджытӕ ӕрбаздӕхдзысты ӕцӕгӕлон адӕмты ’хсӕнӕй ӕмӕ се ’ппӕт дӕр цӕрдзысты ӕдасӕй.


Ныр ӕз ӕрцыдтӕн, цӕмӕй дын, рӕстӕджы кӕрон дӕ адӕммӕ цы ’нхъӕлмӕ кӕсы, уыдӕттӕ базонын кӕнон, уымӕн ӕмӕ цӕстылуайӕн фидӕнимӕ баст у».


Йӕ бынат ын иу ӕнаккаг паддзах бацахсдзӕн, ӕппындӕр ӕм ницы бартӕ уыдзӕн, афтӕмӕй. Ӕнӕнхъӕлӕджы фӕзындзӕн ӕмӕ козбау миты фӕрцы паддзахад бацахсдзӕн.


Ӕппӕты хъӕздыгдӕр бӕстӕтӕм бабырсдзӕн ӕмӕ, нӕдӕр йӕ фыдӕлтӕ, нӕдӕр йӕ фыдӕлты фыдӕлтӕ кӕй нӕ кодтой, ахӕм фыдбылызтӕ сараздзӕн. Тыхтонайӕ цыдӕриддӕр байса, уыдон йӕ фӕсдзӕуинты ’хсӕн ӕнӕвгъауӕй уардзӕн ӕмӕ йе знӕгты фидӕртты ныхмӕ тох кӕндзӕн, фӕлӕ афтӕ уыдзӕн ӕрмӕстдӕр бӕлвырд ӕмгъуыдмӕ.


Ӕз федтон, гыццыл сыкъайы йе схъӕл ныхӕсты тыххӕй куыд амардтой ӕмӕ йӕ куыд басыгътой, уый.


Мӕн фӕндыд базонын, йӕ сӕрыл цы дӕс сыкъайы уыди, уыдон, стӕй, фӕстагмӕ чи фӕзынд, уыцы сыкъа цы нысан кӕны, уый дӕр. Цӕмӕй уыцы сыкъайӕн бынат суӕгъд уа, уый тыххӕй сыкъатӕй ӕртӕ сӕ бынатӕй срӕдывдӕуыд. Сыкъайӕн уыди цӕстытӕ, ӕмӕ, схъӕл ныхас чи кодта, ахӕм дзых.


Иууылбӕрзонды ныхмӕ дзурдзӕн, Йӕ сыгъдӕджыты Йын удхарӕй мардзӕн, сфӕнд кӕндзӕн Ӕгъдау ӕмӕ бӕрӕгбӕттӕ аивын. Иу ӕмгъуыдмӕ, дыууӕ ӕмгъуыдмӕ ӕмӕ ӕмгъуыды ӕрдӕгмӕ сыгъдӕджытӕ йӕ къухмӕ лӕвӕрд ӕрцӕудзысты.


Ӕз лӕмбынӕг кастӕн уыцы сыкъатӕм, ӕмӕ ма мӕнӕ се ’хсӕн иу гыццыл сыкъа фӕзынди. Уымӕн уыдис адӕймаджы цӕстытӕ, ӕмӕ, схъӕл ныхас чи кодта, ахӕм дзых. Иннӕ сыкъатӕй ӕртӕ сӕ бындзарӕй срӕдывдӕуыд, цӕмӕй йын бынат суӕгъд кӕной.


Сыкъа кӕй асаст ӕмӕ йӕ бынаты цыппар ӕндӕр сыкъайы кӕй разад, уый та амоны: уыцы паддзахады бӕсты фӕзындзӕн цыппар ӕндӕр паддзахады, фӕлӕ сӕм уый хуызӕн хъомыс нӕ уыдзӕн.


Уый тынг стыхджын уыдзӕн, фӕлӕ ӕбуалгъ фыдбылызтӕ йӕхи хъаруйӕ нӕ араздзӕн. Йӕ фӕндтӕ иууылдӕр сӕххӕст уыдзысты, бабын кӕндзӕни хъомысджынты ӕмӕ сыгъдӕджыты.


Йӕ мӕнгард миты фӕрцы йӕ хӕрам хъуыддӕгтӕ размӕ цӕудзысты, ӕмӕ йӕхиуыл тынг фервӕсдзӕн. Мӕнгардӕй бирӕты фесафдзӕн, сыстдзӕн суанг паддзӕхты Паддзахы ныхмӕ, фӕлӕ йӕхӕдӕг дӕр бабын уыдзӕн, ӕмӕ лӕджы къухӕй нӕ амӕлдзӕн.


Мӕнӕ Киттимӕй ӕрбацӕуынц наутӕ ӕмӕ басӕтдзысты Ассири ӕмӕ Еверы зӕххытӕ, фӕлӕ сӕхӕдӕг дӕр царӕфтыд фӕуыдзысты!»


Уӕдӕ бафтаут уӕ фыдӕлты азымыл.


зӕрондӕй дӕр чи нӕ фефсӕрмы уыдзӕн ӕмӕ ӕвзонгӕн дӕр чи нӕ батӕригъӕд кӕндзӕн, ахӕм къӕйных адӕм.


Мах муртаттӕгтӕн хъусын кӕнӕм Фарны Уац сӕ фервӕзыны сӕраппонд, ӕмӕ нын иудейӕгтӕ ӕвӕрынц цӕлхдуртӕ. Афтӕмӕй ӕдзух ӕфтауынц тӕригъӕд тӕригъӕдыл — афтӕ сын сбирӕ сты, ӕмӕ сӕ ӕппынфӕстаг баййӕфта Хуыцауы азар.


Хуыцауы Уд бӕлвырд зӕгъы: рӕстӕджы кӕрон бирӕтӕ ныууадздзысты уырнындзинад, баууӕнддзысты фӕлитой монтыл ӕмӕ дӕлимонты ахуырӕдтыл.


Ӕмӕ ӕрцахстӕуыди сырды, стӕй, сырды нысан йӕ уӕлӕ чи сӕвӕрдта ӕмӕ йын йӕ сурӕтмӕ чи куывта, стӕй, уыдоны асайыны тыххӕй сырды раз диссӕгтӕ чи ӕвдыста, уыцы мӕнгпехуымпары. Сӕ дыууӕйы дӕр удӕгасӕй ныппӕрстӕуыди судзгӕ сондоны цады.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan