Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Даниил 8:22 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

22 Сыкъа кӕй асаст ӕмӕ йӕ бынаты цыппар ӕндӕр сыкъайы кӕй разад, уый та амоны: уыцы паддзахады бӕсты фӕзындзӕн цыппар ӕндӕр паддзахады, фӕлӕ сӕм уый хуызӕн хъомыс нӕ уыдзӕн.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Даниил 8:22
8 Iomraidhean Croise  

Фӕлӕ куыддӕр паддзахы бынат бацахса, афтӕ йӕ бӕстӕйы иудзинад нал уыдзӕн, ӕмӕ йӕ паддзахад цыппар дихы фӕуыдзӕн. Паддзахы цотмӕ паддзахады хӕйттӕй ницы ’рхаудзӕн, стӕй паддзахад, уый заманы куыд уыди, афтӕ тыхджын нал уыдзӕн.


Ӕртыккаг сырд — фыранчы хуызӕн, йӕ фӕсонтыл та — цыппар базыры, маргъы базыртӕ. Ноджы йын уыдис цыппар сӕры, ӕмӕ йын хицауы бартӕ рардӕуыд.


Цыппӕрӕм сырд уыди ӕвирхъау тӕссаг ӕмӕ тынг тыхджын, стыр ӕфсӕйнаг дӕндӕгтимӕ. Алцыдӕр хордта ӕмӕ дӕрӕн кодта, уӕлдӕйттӕ та йӕ къӕхты бын ссӕста. Иннӕ сырдтӕй иуы хуызӕн дӕр нӕ уыд, ӕмӕ йын уыдис дӕс сыкъайы.


Цӕу та у Бердзены паддзах, йӕ цӕстыты астӕу цы стыр сыкъа ис, уый та — йӕ фыццаг паддзах.


Сӕ кӕрон куы ’рцӕуа ӕмӕ сӕ фыдракӕндтӕ куы сбирӕ уой, уӕд фӕзындзӕни цъаммар ӕмӕ мӕнгард паддзах.


Кӕсын, ӕмӕ доны был лӕууы фыр. Йӕ сыкъатӕй иу разад фӕстӕдӕр, фӕлӕ уӕддӕр иннӕмӕй фестырдӕр ис.


Цасдӕр рӕстӕджы фӕстӕ цӕу бынтон стыхджын ис. Йе стыр сыкъа куы асасти, уӕд йӕ бынаты разад ӕндӕр цыппар сыкъайы. Уыдон арӕзт уыдысты цӕгат, хуссар, скӕсӕн ӕмӕ ныгуылӕнӕрдӕм.


Хӕрдмӕ та скастӕн ӕмӕ федтон: мӕнӕ комӕй, дыууӕ ӕрхуы хохы астӕуӕй, рацӕуынц цыппар уӕрдоны.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan