Уӕд мын уый загъта: «Цӕмӕн дӕм ӕрцыдтӕн, уый зоныс? Ӕз хъуамӕ аздӕхон ӕмӕ дарддӕр тох кӕнон Персы хъахъхъӕнӕг зӕды ныхмӕ. Уый фӕстӕ та фӕзындзӕн Бердзены хъахъхъӕнӕг зӕд. Фӕлӕ уал дын ӕз, Ӕцӕгады чиныджы цы фыст ис, уыдӕттӕ бамбарын кӕндзынӕн. Уӕ сӕрхъуызой Михаелы йеддӕмӕ сӕ ныхмӕ мӕ фарс чи схӕца, уый нӕй.