Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Даниил 8:17 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

17 Куы мӕм ӕрбахӕстӕг, уӕд фыр тӕссӕй зӕххыл ныддӕлгом дӕн. Уый мын загъта: «Адӕймаджы фырт, бамбар: цы федтай, уыдӕттӕ рӕстӕджы кӕронмӕ хауынц».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Даниил 8:17
27 Iomraidhean Croise  

Аврам ныддӕлгом ис Хуыцауы раз. Хуыцау ын загъта:


Къӕвдабон арвыл ӕврӕгъты цы арвӕрдын фӕзыны, уый ӕнгӕс уыди рухс Йӕ алыварс.


Ахӕм уыди, Дунедарӕджы кады хуызӕг кӕм раргом, уыцы цӕстылуайӕн. Уый фенгӕйӕ, зӕххыл ныддӕлгом дӕн ӕмӕ фехъуыстон кӕйдӕр хъӕлӕс. Загъта мын: «Адӕймаджы фырт! Слӕуу дӕ къӕхтыл. Ӕз дзурдзынӕн демӕ».


Уый фӕстӕ мӕ уыцы лӕг цӕгатварс кулдуарыл бакодта Кувӕндоны размӕ. Ӕз федтон, Дунедарӕджы кадӕй Кувӕндон йемыдзаг куыд баци, уый ӕмӕ ныддӕлгом дӕн зӕххыл.


«Адӕймаджы фырт! Де ’ргом Израилы хӕхты ’рдӕм сараз ӕмӕ пехуымпариуӕг кӕн сӕ ныхмӕ.


Зӕд мын загъта: «Даниил, Хуыцау дӕ бирӕ уарзы! Сыст ӕмӕ лӕмбынӕг байхъус мӕ ныхӕстӕм, уымӕн ӕмӕ ӕз ныр дӕумӕ ӕрвыст дӕн». Куы мӕм сдзырдта, уӕд сыстадтӕн, фыр тӕссӕй зыр-зыр кодтон.


Уӕд чидӕр адӕймаджы хуызы мӕ разы февзӕрди ӕмӕ мын андзӕвыд мӕ былтыл. Мӕ бон дзурын сси, ӕмӕ, мӕ разы чи лӕууыд, уымӕн загътон: «Мӕ хицау, уыцы цӕстылуайӕны фӕстӕ тынг удхар кӕнын, мӕ хъару бынтондӕр басасти.


Дыууӕ паддзахмӕ дӕр уыдзӕни мӕнгард фӕндтӕ, иумӕ фынгыл ӕрбаддзысты ӕмӕ кӕрӕдзийӕн мӕнг ныхӕстӕ кӕндзысты. Сӕ иуӕн дӕр йӕ фӕндтӕй ницы рауайдзӕн, уымӕн ӕмӕ кӕрон ӕрцӕудзӕнис бӕлвырд рӕстӕджы.


Рӕстӕг куы ралӕууа, уӕд хуссары паддзах йӕ ныхмӕ сыстдзӕни, фӕлӕ йыл уый хӕстон уӕрдӕттимӕ ӕмӕ ӕнӕнымӕц наутимӕ уадтымыгъау йӕхи ныццӕвдзӕн. Доны хъаймӕтау алы бӕстӕтӕм гуылф кӕндзӕн.


Ды та цу дӕ фӕндагыл кӕронмӕ, ӕрсабыр уыдзынӕ ӕмӕ рӕстӕджы кӕрон дӕ хал айсынмӕ сыстдзынӕ».


Ды та, Даниил, бамбӕхс ацы дзырдтӕ ӕмӕ фӕстаг заманмӕ ацы чиныг сӕхгӕн, уымӕн ӕмӕ фӕстаг заманы бирӕтӕ сдзӕгъӕл уыдзысты, ӕмӕ фыдбылыз сарӕх уыдзӕн».


Уӕд паддзах Навуходоносор Даниилы раз зӕххыл ныддӕлгом ис ӕмӕ бардзырд радта, цӕмӕй йӕ хуынтӕй сбуц кӕной, йӕ номыл ын буд ссудзой.


Мӕ разы чи лӕууыд, уыдонӕй иумӕ бацыдтӕн ӕмӕ йӕ бафарстон, цы федтон, уыдӕттӕ цы нысан кӕнынц, уымӕй. Уый мын алцыдӕр бамбарын кодта:


Ӕз, Даниил, уыцы цӕстылуайӕн куы федтон, уӕд йӕ бамбарыныл архайдтон. Ӕвиппайды мӕ разы чидӕр адӕймаджы хуызы февзӕрди.


«Байхъус, ӕз дын радзурдзынӕн, рӕстӕджы кӕрон, Хуыцауы азары рӕстӕг куы ралӕууа, уӕд цы ’рцӕудзӕн, уыдӕттӕ.


Ӕз, Даниил, ахӕм ӕнӕбон сдӕн, ӕмӕ цалдӕр боны ӕруатон дӕн. Куы сдзӕбӕх дӕн, уӕд дарддӕр куыстон мӕ паддзахӕн. Цы мын раргом, уыдӕттӕ мӕ стыр дисы бафтыдтой, ӕмӕ сӕ мӕ бон ӕххӕстӕй бамбарын нӕ уыди.


Куыддӕр кувын ӕмӕ лӕгъстӕ кӕнын райдыдтай, афтӕ дын Хуыцау дӕ куывдӕн дзуапп радта, ӕмӕ ӕз ӕрцыдтӕн, цӕмӕй дын ӕй фехъусын кӕнон, уый тыххӕй, уымӕн ӕмӕ дӕ Хуыцау бирӕ уарзы. Уӕдӕ ацы уац ӕмӕ ацы цӕстылуайӕн бамбар.


Ӕрбабырсӕг фӕтӕг бирӕтимӕ авд азы ӕмгъуыдмӕ бафидаудзӕн ӕмӕ, цалынмӕ авд азы иу ӕмбис рацӕуа, уӕдмӕ Кувӕндоны ӕмгӕрон хуынтӕ ӕмӕ нывӕндтӕ нал уадздзӕн. Кувӕндоны ралӕудзӕни ӕлгъаг заууат, цалынмӕ гӕныстонгӕнӕгӕн йе сӕфт ӕрцӕуа, уӕдмӕ, рагацау куыд нысангонд уыд, афтӕ».


Ацы цӕстылуайӕн баст у фидӕнимӕ, фӕстаг заманимӕ, ӕнӕ ’рцӕугӕ йын нӕй. Уайтагъд куы не ’рцӕуа, уӕддӕр ӕм ӕнхъӕлмӕ кӕс, уымӕн ӕмӕ сӕххӕст уыдзӕн бӕлвырд».


Ӕмӕ, хӕрдмӕ куы скастысты, уӕд дзы Йесойы йеддӕмӕ никӕйуал федтой.


Ӕмӕ Йӕ ӕз куы федтон, уӕд мардау Йӕ къӕхты бынмӕ ӕрхаудтӕн. Уӕд мыл Уый ӕрӕвӕрдта Йӕ рахиз къух ӕмӕ мын загъта: «Ма тӕрс. Ӕз дӕн Фыццаг ӕмӕ Фӕстаг,


Ӕз, Иоанн, федтон ӕмӕ фехъуыстон ӕппӕт уыдӕттӕ. Куы сӕ фехъуыстон ӕмӕ сӕ куы федтон, уӕд бакувынмӕ мӕ зонгуытыл ӕрхаудтӕн, уыдӕттӕ мын чи ӕвдыста, уыцы зӕды къӕхты раз.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan