16 Улайы доны астӕуӕй мӕм адӕймаджы хъӕлӕсӕй ӕрбадзырдӕуыд: «Гавриил, ацы лӕгӕн, йӕ фын цы амоны, уый бамбарын кӕн».
Ныр ӕз ӕрцыдтӕн, цӕмӕй дын, рӕстӕджы кӕрон дӕ адӕммӕ цы ’нхъӕлмӕ кӕсы, уыдӕттӕ базонын кӕнон, уымӕн ӕмӕ цӕстылуайӕн фидӕнимӕ баст у».
Мӕ разы чи лӕууыд, уыдонӕй иумӕ бацыдтӕн ӕмӕ йӕ бафарстон, цы федтон, уыдӕттӕ цы нысан кӕнынц, уымӕй. Уый мын алцыдӕр бамбарын кодта:
Мӕ цӕстылуайӕны февзӕрдтӕн Еламы бӕсты, бырутӕй ӕхгӕд сахар Шушаны, Улайы доны был.
Ӕз сдзырдтон: «Ме ’лдар, чи сты уыдон?» Мемӕ цы зӕд ныхас кодта, уый мын дзуапп радта: «Ӕз дын равдисдзынӕн, чи сты, уый».
афтӕ дзургӕйӕ: «Азгъор ӕмӕ ацы лӕппуйӕн зӕгъ: Йерусалимы уый бӕрц адӕм ӕмӕ фос фӕзындзӕн, ӕмӕ сын сахары бынат дӕр нал фаг кӕндзӕн, йӕ алфамбылӕйтты ’рцӕрдзысты.
Зӕд ын дзуапп радта: «Ӕз дӕн Гавриил, Хуыцауы раз лӕггадгӕнӕг, ӕмӕ дӕм уымӕн ӕрвыст дӕн, цӕмӕй дын ацы цины уац фехъусын кӕнон.
Елисаветӕ ӕхсӕзӕм мӕй ӕнхъӕлцау куы уыд, уӕд Хуыцау Йӕ зӕд Гавриилы арвыста галилейаг сахар Назаретмӕ,
Петрмӕ ӕрыхъуысти хъӕлӕс: «Сыст, Петр, аргӕвд ӕмӕ бахӕр».
Савлы ӕмбӕлццӕттӕ лӕууыдысты ӕндзыгӕй: хъӕлӕс хъуыстой, фӕлӕ никӕй уыдтой.
Ау, зӕдтӕ иууылдӕр цумагӕнӕн монтӕ не сты, ӕмӕ сӕ Хуыцау, чи хъуамӕ фервӕза, уыдонӕн балӕггад кӕнынмӕ не ’рвиты?
Ӕз акастӕн фӕстӕмӕ, чи мӕм дзуры, уый фенон, зӕгъгӕ. Ӕмӕ куы акастӕн, уӕд федтон авд сыгъзӕрин цырагъдарӕны,
«Ӕз, Йесо, Мӕ зӕды арвыстон ӕппӕт уыдӕтты тыххӕй сымахӕн аргъуанты зӕгъынмӕ. Ӕз дӕн Давиды Ӕвзар ӕмӕ Байзӕддаг, тӕмӕнкалгӕ Бонвӕрнон».