14 Уый йын дзуапп радта: «Дыууӕ мин ӕртӕсӕдӕ райсомы ӕмӕ изӕры фӕстӕ Кувӕндон ссыгъдӕг уыдзӕн».
Хуыцау рухс схуыдта «бон», тар та — «ӕхсӕв». Уыди изӕр, уыди райсом — фыццаг бон.
Сионы сахар раст тӕрхоны руаджы фервӕздзӕн, йӕ цӕрджытӕй йӕ цӕрджытӕй фӕсмонмӕ чи ӕрцыд, уыдон та — сӕ рӕстады фӕрцы.
Уый сраст ӕмӕ скадджын кӕндзӕн Израилы байзӕддӕгты се ’ппӕты дӕр.
Ӕрвылбоны нывӕндтӕ куы ничиуал хӕсса ӕмӕ ӕлгъаг заууат куы ралӕууа, уыцы заманӕй рацӕудзӕн иу мин дыууӕсӕдӕ нӕуӕдз боны.
Тӕхудиаг сты, ӕнхъӕлмӕ чи кӕсы ӕмӕ иу мин ӕртӕсӕдӕ ӕртын фондз боны ӕнхъӕлмӕ чи кӕсдзӕни, уыдон.
Ӕз ын фехъуыстон йӕ дзуапп. Йӕ къухтӕ хӕрдмӕ сдаргӕйӕ, Ӕнусты Цӕрӕгӕй расомы кодта: «Ӕмгъуыд, дыууӕ ӕмгъуыды ӕмӕ ӕмгъуыды ӕрдӕджы фӕстӕ. Хуыцауы ӕвзӕрст адӕмы ныхмӕ тох куы ничиуал кӕна, уӕд ӕппӕтӕн дӕр кӕрон ӕрцӕудзӕни».
Иууылбӕрзонды ныхмӕ дзурдзӕн, Йӕ сыгъдӕджыты Йын удхарӕй мардзӕн, сфӕнд кӕндзӕн Ӕгъдау ӕмӕ бӕрӕгбӕттӕ аивын. Иу ӕмгъуыдмӕ, дыууӕ ӕмгъуыдмӕ ӕмӕ ӕмгъуыды ӕрдӕгмӕ сыгъдӕджытӕ йӕ къухмӕ лӕвӕрд ӕрцӕудзысты.
Изӕр ӕмӕ райсомы нывӕндты тыххӕй дын цӕстылуайӕны цы раргом ис, уый ӕцӕг у, фӕлӕ цыдӕриддӕр федтай, уыдӕттӕ басусӕг кӕн, уымӕн ӕмӕ рӕстӕджы кӕронимӕ баст сты».
Сыгъдӕг Фысты рагацау загъдӕуыди, Хуыцау муртаттӕгты кӕй сраст кӕндзӕн уырнындзинады фӕрцы; ӕмӕ Хуыцау Авраамӕн развӕлгъау фехъусын кодта Фарны Уац: «Дӕ фӕрцы арфӕгонд уыдзысты ӕппӕт адӕмтӕ».
Ӕвдӕм зӕд ныууасыд сыкъауадындзӕй, ӕмӕ уӕларвы азӕлыдысты ахӕм ныхӕстӕ: «Дуне ныр сси нӕ Дунедарӕджы ӕмӕ Йӕ Чырыстийы Паддзахад, ӕмӕ Уый паддзахиуӕг кӕндзӕни ӕнусӕй-ӕнустӕм».
Уӕд сылгоймагӕн лӕвӕрд ӕрцыд стыр цӕргӕсы дыууӕ базыры, ӕдзӕрӕг быдыры йын цы бынат уыди, уырдӕм калмӕй бамбӕхсыны тыххӕй атӕхынӕн, цӕмӕй йын уым лӕггад кӕной рӕстӕджы, рӕстӕджыты ӕмӕ рӕстӕджы ӕмбисы дӕргъы.
Сырдӕн лӕвӕрд ӕрцыд ӕвзаг схъӕл ныхӕстӕ кӕнынӕн ӕмӕ Хуыцауы фауынӕн, лӕвӕрд ын ӕрцыди дыууӕ ӕмӕ дыууиссӕдз мӕйы дӕргъы ӕлдариуӕг кӕныны бар.