Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Даниил 8:12 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

12 Уыдӕттӕ йын куы бантысти, уӕд уӕларвон ӕфсадӕй хынджылӕггаг сарӕзта, Ӕцӕгад афӕлдӕхта зӕххыл, йӕ фӕндтӕ иууылдӕр сӕххӕст сты.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Даниил 8:12
14 Iomraidhean Croise  

Абырджыты хӕдзӕрттӕ цӕрӕг сты, Хуыцауы чи мӕсты кӕны, уыдон ӕдас сты, цыма Хуыцау сӕ къухы ис, уыйау.


Дунедарӕджы хъӕлӕс кедртӕ акалы, ливайнаг кедртӕ афӕлдахы Дунедарӕг.


Раст тӕрхонӕн нӕм йӕ кой дӕр нал ис, нӕ рӕстад фесӕфтам, фӕзы фӕкалди рӕстдзинад; ӕууӕнк цы у, уый нал зонӕм.


О Дунедарӕг, Ды дӕ раст Хуыцау, ӕмӕ Дӕумӕ хӕссын мӕ хъаст! Ӕз Демӕ дзурдзынӕн рӕстдзинадыл! Ӕнӕхуыцӕуттӕ ӕнтыстджын цӕмӕн сты, мӕнгардтӕ — амондджын?


Цӕгаты паддзах стыр тӕлӕтимӕ йӕхи бӕстӕм раздӕхдзӕн. Фӕндагыл Уаз Фидыды ныхмӕ тох кӕнын сфӕнд кӕндзӕн. Йӕ фыдбылызы фӕндтӕ куы сӕххӕст кӕна, уӕд йӕ райгуырӕн бӕстӕм раздӕхдзӕн.


Уыцы сыкъа сыгъдӕджыты ныхмӕ хӕцыд ӕмӕ сыл уӕлахиз кодта.


Ӕз федтон, фыр йӕ сыкъатӕй ныгуылӕн, цӕгат ӕмӕ хуссарӕрдӕм куыд лӕбурдта, уый. Иу сырды бон дӕр йӕ ныхмӕ фӕлӕууын нӕ уыд, цыдӕриддӕр ӕй фӕндыди, уыдӕттӕ кодта, ӕмӕ дзы фервӕзыны амал нал уыди. Рӕстӕг куыд цыд, афтӕ тыхджынӕй-тыхджындӕр кодта.


Лӕвӕрд ын уыди сыгъдӕджытимӕ схӕцыны ӕмӕ уыдоны басӕттыны тых. Ноджы ма йын лӕвӕрд ӕрцыд алы мыггаг ӕмӕ адӕмыл, алы ӕвзаг ӕмӕ адӕмыхаттыл ӕлдариуӕг кӕныны бар.


Давид Саулы фыдвӕнд куы базыдта, уӕд фӕдзырдта сауджын Авиафармӕ: «Рахӕсс-ма ефод».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan