10 Ӕмӕ схӕццӕ уӕларвон ӕфсады онг. Уымӕн йӕ иу хай, стӕй стъалыты хай зӕхмӕ раппӕрста ӕмӕ сӕ йӕ къӕхты бын бассӕста.
Кӕддӕр дӕхимидӕг афтӕ куы дзырдтай: «Уӕларвмӕ ссӕудзынӕн, Хуыцауы рафӕлдыст стъалытӕй бӕрзонддӕр сисдзынӕн мӕ паддзахы бадӕн ӕмӕ уым, цӕгаты тигъыл, хуыцӕутты ’хсӕн ӕрбаддзынӕн хохыл;
Срасыг ӕй кӕнут, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕджы ныхмӕ сыстади! Уадз ӕмӕ Моав йӕ сӕты лӕзӕра, уадз ӕмӕ хынджылӕггаг суа!
Цӕгаты паддзах стыр тӕлӕтимӕ йӕхи бӕстӕм раздӕхдзӕн. Фӕндагыл Уаз Фидыды ныхмӕ тох кӕнын сфӕнд кӕндзӕн. Йӕ фыдбылызы фӕндтӕ куы сӕххӕст кӕна, уӕд йӕ райгуырӕн бӕстӕм раздӕхдзӕн.
Уымӕн ӕмӕ уыцы рӕстӕг фӕзындзысты киттимаг наутӕ, ӕмӕ паддзах фыр тӕссӕй фӕстӕмӕ аздӕхдзӕн. Уаз Фидыды ныхмӕ сыстдзӕн ӕмӕ стыр тохы бацӕудзӕн. Уаз Фидыдыл йӕ зӕрдӕ чи сивта, уыдоны майдантӕ ӕмӕ лӕвӕртты бын фӕкӕндзӕни.
Цыппӕрӕм сырд уыди ӕвирхъау тӕссаг ӕмӕ тынг тыхджын, стыр ӕфсӕйнаг дӕндӕгтимӕ. Алцыдӕр хордта ӕмӕ дӕрӕн кодта, уӕлдӕйттӕ та йӕ къӕхты бын ссӕста. Иннӕ сырдтӕй иуы хуызӕн дӕр нӕ уыд, ӕмӕ йын уыдис дӕс сыкъайы.
Куыд ӕм хӕстӕг кодта, афтӕ тынгӕй-тынгдӕр абухта. Уыциу цӕф ӕй ныккодта ӕмӕ йын йӕ дыууӕ сыкъайы дӕр ӕрбасаста. Фырмӕ цӕуы ныхмӕ фӕлӕууыны хъару нӕ разынди, цӕу ӕй зӕххыл афӕлдӕхта, йӕ къӕхтӕй йӕ ссӕста, ӕмӕ йын баххуысгӕнӕг нӕ уыд.
Уый йӕ къӕдзилӕй расӕрфта стъалыты ӕртыццаг хай арвӕй ӕмӕ сӕ ӕркалдта зӕхмӕ. Залым лӕууыди арӕг сылгоймаджы уӕлхъус, цӕмӕй йын йӕ сывӕллоны, куыддӕр ӕй ныййара, афтӕ аныхъуыра.