Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Даниил 7:7 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

7 Цыппӕрӕм сырд уыди ӕвирхъау тӕссаг ӕмӕ тынг тыхджын, стыр ӕфсӕйнаг дӕндӕгтимӕ. Алцыдӕр хордта ӕмӕ дӕрӕн кодта, уӕлдӕйттӕ та йӕ къӕхты бын ссӕста. Иннӕ сырдтӕй иуы хуызӕн дӕр нӕ уыд, ӕмӕ йын уыдис дӕс сыкъайы.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Даниил 7:7
17 Iomraidhean Croise  

Зӕххы рыгау сӕ дымгӕмӕ ныддардтон, уынгты цъыфау сӕ мӕ къӕхты бын бассӕстон.


Йӕ хъуыры кондыл бӕрӕг у йӕ хъару, йӕ бакастӕй тас ӕфтауы.


Хуыцау мӕ Йӕ рард цӕстылуайӕнты акодта Израилы зӕхмӕ ӕмӕ мӕ тынг бӕрзонд хохыл ӕрлӕууын кодта. Хохӕн цыма йӕ хуссайраг фахсыл уыдысты сахары бӕстыхӕйттӕ.


Уыцы ӕхсӕв Даниил федта цӕстылуайӕн, ӕмӕ йын сусӕгдзинад раргом чындӕуыд. Даниил Хуыцауӕн арфӕ ракодта:


Ноджы ма мӕ фыны федтон: чидӕр Адӕймаджы Фырты хуызы ӕврӕгътыл ӕрцӕйцыди. Куы ӕрбахӕстӕг, уӕд Ӕй Ӕнусты Цӕрӕджы размӕ бакодтой.


Даниил йӕ ныхас райдыдта афтӕ: «Ӕхсӕвы ӕз цӕстылуайӕны федтон, цыппар уӕларвон дымгӕйы денджыз куыд змӕнтынц, уый.


Ӕмӕ схӕццӕ уӕларвон ӕфсады онг. Уымӕн йӕ иу хай, стӕй стъалыты хай зӕхмӕ раппӕрста ӕмӕ сӕ йӕ къӕхты бын бассӕста.


Сыкъа кӕй асаст ӕмӕ йӕ бынаты цыппар ӕндӕр сыкъайы кӕй разад, уый та амоны: уыцы паддзахады бӕсты фӕзындзӕн цыппар ӕндӕр паддзахады, фӕлӕ сӕм уый хуызӕн хъомыс нӕ уыдзӕн.


Ногӕй хӕрдмӕ куы скастӕн, уӕд федтон нӕлгоймаджы. Йӕ къухы уыди зӕхбарӕн синаг.


Арвыл фӕзынд ӕндӕр бӕлвырд нысан дӕр: ӕртхуыз стыр залым — авд сӕры ӕмӕ йын дӕс сыкъайы, йӕ сӕртыл — авд кады худы.


Ӕз лӕууыдтӕн денджызы был змисыл ӕмӕ федтон денджызӕй рацӕйцӕугӕ сырды. Уыдис ын дӕс сыкъайы ӕмӕ авд сӕры; йӕ сыкъатыл уыди дӕс кады худы, йӕ сӕртыл та — Хуыцауы фауӕн нӕмттӕ.


Ды цы дӕс сыкъайы федтай, уыдон сты дӕс паддзахы. Сӕ паддзахӕдтӕ нӕма райстой, фӕлӕ сахаты ӕмгъуыдмӕ сырдимӕ райсдзысты паддзахы бартӕ.


Зӕд мын загъта: «Цӕуыл дис кӕныс? Ӕз дын раргом кӕндзынӕн ацы сылгоймаджы ӕмӕ, кӕуыл бады, авд сӕры ӕмӕ дӕс сыкъайы кӕмӕн ис, уыцы сырды сусӕгдзинад.


Ды кӕй федтай, уыцы сырд уыди ӕмӕ нал ис. Уый рацӕудзӕн дӕлдзӕхӕй ӕмӕ ссардзӕн йӕ мӕлӕт. Дунейы райдианӕй зӕххыл цӕрджытӕй царды чиныджы кӕй нӕмттӕ фыст не сты, уыдон дисы бафтдзысты, чи уыди, чи нал ис ӕмӕ чи фӕзындзӕн, уыцы сырдмӕ кӕсгӕйӕ.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan