Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Даниил 7:6 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

6 Ӕртыккаг сырд — фыранчы хуызӕн, йӕ фӕсонтыл та — цыппар базыры, маргъы базыртӕ. Ноджы йын уыдис цыппар сӕры, ӕмӕ йын хицауы бартӕ рардӕуыд.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Даниил 7:6
10 Iomraidhean Croise  

Зӕгъ сын: Дунедарӕг Хуыцау афтӕ зӕгъы: стыр цӕргӕс, фӕтӕнбазыр, даргъсис, хъуынджын ӕмӕ хъулон, ӕрбатахти Ливанмӕ ӕмӕ кедры цъупп стыдта.


Уӕд мын уый загъта: «Цӕмӕн дӕм ӕрцыдтӕн, уый зоныс? Ӕз хъуамӕ аздӕхон ӕмӕ дарддӕр тох кӕнон Персы хъахъхъӕнӕг зӕды ныхмӕ. Уый фӕстӕ та фӕзындзӕн Бердзены хъахъхъӕнӕг зӕд. Фӕлӕ уал дын ӕз, Ӕцӕгады чиныджы цы фыст ис, уыдӕттӕ бамбарын кӕндзынӕн. Уӕ сӕрхъуызой Михаелы йеддӕмӕ сӕ ныхмӕ мӕ фарс чи схӕца, уый нӕй.


Дӕ фӕстӕ фӕзындзӕн ӕндӕр, лӕмӕгъдӕр, паддзахад, уый фӕстӕ та ӕртыккаг — ӕрхуы паддзахад. Йӕ паддзах ӕгас зӕххыл паддзахиуӕг кӕндзӕн.


Фыццаг сырд уыди домбайы хуызӕн, фӕлӕ цӕргӕсы базыртимӕ. Йӕ базыртӕ йын ратындӕуыд, хӕрдмӕ йыл схӕцыдысты; адӕймагау йӕ къӕхтыл слӕууыд, ӕмӕ йын адӕймаджы сӕрызонд лӕвӕрд ӕрцыди.


Дыккаг сырд — арсы хуызӕн, фӕрсырдыгӕй лӕууы ӕмӕ йӕ комӕй, дӕндӕгты ӕхсӕнӕй, зыны ӕртӕ ссыры. Сырдӕн загъдӕуыд: „Сыст ӕмӕ дӕхи дзидзайӕ бафсад!“


Уӕдӕ сын Ӕз суыдзынӕн домбайау, сӕ размӕ бабаддзынӕн фыранкау.


Кӕй федтон, уыцы сырд уыди фыранчы хуызӕн, йӕ дзӕмбытӕ — арсы дзӕмбытау, йӕ дзых — домбайы дзыхау. Залиаг калм ын радта йӕ тых, йӕ паддзахы бынат ӕмӕ стыр бартӕ.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan