3 Денджызӕй кӕрӕдзийы фӕдыл цыппар стыр сырды рацӕуынц, ӕмӕ дзы иу иннӕйы хуызӕн нӕу.
Хуыцауы мысгӕйӕ, ныхъхъӕрзын; хъуыдыты аныгъуылын, бастади мӕ уд.
„Ацы цыппар сырды сты цыппар стыр паддзахады, сӕ цыппар дӕр фидӕны ацы зӕххыл фӕзындзысты.
Ӕз лӕууыдтӕн денджызы был змисыл ӕмӕ федтон денджызӕй рацӕйцӕугӕ сырды. Уыдис ын дӕс сыкъайы ӕмӕ авд сӕры; йӕ сыкъатыл уыди дӕс кады худы, йӕ сӕртыл та — Хуыцауы фауӕн нӕмттӕ.
Ды кӕй федтай, уыцы сырд уыди ӕмӕ нал ис. Уый рацӕудзӕн дӕлдзӕхӕй ӕмӕ ссардзӕн йӕ мӕлӕт. Дунейы райдианӕй зӕххыл цӕрджытӕй царды чиныджы кӕй нӕмттӕ фыст не сты, уыдон дисы бафтдзысты, чи уыди, чи нал ис ӕмӕ чи фӕзындзӕн, уыцы сырдмӕ кӕсгӕйӕ.