28 Ууыл фӕци ныхас. Ӕз, Даниил, стыр тасы бацыдтӕн, хуызы цъыртт мӕ нал баззад, фӕлӕ, цыдӕриддӕр фехъуыстон, уыдон мӕ зӕрдӕйы арф бавӕрдтон».
Йосеф уыцы фын радзырдта йӕ фыд ӕмӕ йе ’фсымӕртӕн. Йӕ фыд ын бауайдзӕф кодта: «Уый дын цавӕр фын у? Ау, ӕз ӕмӕ дӕм дӕ мад, де ’фсымӕртӕ зӕххы онг ӕркувынмӕ ӕцӕг бацӕудзыстӕм?»
Ӕфсымӕртӕн сӕ маст рафыхт Йосефмӕ, фӕлӕ фыд ацы хабӕрттӕ йӕ зӕрдыл бадардта.
Уӕд чидӕр адӕймаджы хуызы мӕ разы февзӕрди ӕмӕ мын андзӕвыд мӕ былтыл. Мӕ бон дзурын сси, ӕмӕ, мӕ разы чи лӕууыд, уымӕн загътон: «Мӕ хицау, уыцы цӕстылуайӕны фӕстӕ тынг удхар кӕнын, мӕ хъару бынтондӕр басасти.
Ӕз иунӕгӕй аззадтӕн ӕмӕ уыцы диссагӕй мӕ цӕстытӕ нал истон. Мӕ хъару ӕрбайсӕфт, мӕ цӕсгомы хуызы цъыртт нал баззад.
Дыууӕ паддзахмӕ дӕр уыдзӕни мӕнгард фӕндтӕ, иумӕ фынгыл ӕрбаддзысты ӕмӕ кӕрӕдзийӕн мӕнг ныхӕстӕ кӕндзысты. Сӕ иуӕн дӕр йӕ фӕндтӕй ницы рауайдзӕн, уымӕн ӕмӕ кӕрон ӕрцӕудзӕнис бӕлвырд рӕстӕджы.
Ды та цу дӕ фӕндагыл кӕронмӕ, ӕрсабыр уыдзынӕ ӕмӕ рӕстӕджы кӕрон дӕ хал айсынмӕ сыстдзынӕ».
Уый мын дзуапп радта: «Даниил, ацу. Уыцы ныхӕстӕ рӕстӕджы кӕронмӕ ӕмбӕхст ӕмӕ сусӕггонд сты.
Белтешацар кӕй хуыдтой, уыцы Даниил иу цасдӕр фыр дисӕй ницыуал сдзырдта. Фыр тӕссӕй хъуыдыты аныгъуылди. Уӕд ын паддзах загъта: „Белтешацар! Мӕ фын цӕмӕфӕнды рацӕуӕд, тӕрсгӕ ма кӕн“. Белтешацар ын дзуапп радта: „Мӕ хицау! Ахӕм фын дӕ фыдгултӕ фенӕнт, ӕмӕ уыцы фыдбылызтӕ уыдоныл ӕрцӕуӕнт.
Паддзах, уыцы бӕлас ды дӕ! Ды тынг номдзыд ӕмӕ хъомысджын дӕ! Дӕ кад уӕларвмӕ ӕххӕссы, ӕгас дунейы хицауиуӕг кӕныс.
уӕд йӕ хуыз фӕцыди, ризӕг ыл бахӕцыд фыр тӕссӕй ӕмӕ йӕ уӕнгтӕ адон сты.
Ӕз, Даниил, катайы бацыдтӕн — стыр тас мыл бафтыдтой уыцы цӕстылуайӕнтӕ.
Вавилоны паддзах Балтасар ӕртыккаг аз паддзахиуӕг куы кодта, уыцы заман ӕз, Даниил, федтон цӕстылуайӕн, уымӕй размӕ кӕй федтон, уый фӕстӕ.
Куы мӕм ӕрбахӕстӕг, уӕд фыр тӕссӕй зӕххыл ныддӕлгом дӕн. Уый мын загъта: «Адӕймаджы фырт, бамбар: цы федтай, уыдӕттӕ рӕстӕджы кӕронмӕ хауынц».
«Байхъус, ӕз дын радзурдзынӕн, рӕстӕджы кӕрон, Хуыцауы азары рӕстӕг куы ралӕууа, уӕд цы ’рцӕудзӕн, уыдӕттӕ.
Ӕз, Даниил, ахӕм ӕнӕбон сдӕн, ӕмӕ цалдӕр боны ӕруатон дӕн. Куы сдзӕбӕх дӕн, уӕд дарддӕр куыстон мӕ паддзахӕн. Цы мын раргом, уыдӕттӕ мӕ стыр дисы бафтыдтой, ӕмӕ сӕ мӕ бон ӕххӕстӕй бамбарын нӕ уыди.
Адӕм Йесойы куы ауыдтой, уӕд иууылдӕр стыр дисы бафтыдысты, Йӕ размӕ згъордтой ӕмӕ Йын салам лӕвӕрдтой.
Мариа та сӕ йӕ зӕрдыл бадардта ӕмӕ сыл арф ныхъхъуыды кодта.
Йесо рацыди семӕ, Назаретмӕ ӕрбаздӕхтысты, ӕмӕ алцӕмӕй дӕр касти сӕ коммӕ. Мад та уыцы цау йӕ зӕрдыл бадардта.
«Ныртӕккӕ цы зӕгъдзынӕн, уымӕ байхъусут лӕмбынӕг: Адӕймаджы Фырт лӕвӕрд ӕрцӕудзӕн адӕмы къухмӕ».