Даниил 7:27 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст27 Ӕппӕт зӕххон паддзахӕдты бартӕ, сӕ кад ӕмӕ сӕ хъӕздыгдзинад лӕвӕрд ӕрцӕудзысты сыгъдӕджытӕн, Иууылбӕрзонды адӕмӕн. Йӕ паддзахад у ӕнусон, ӕппӕт барджын хицӕуттӕ Йын лӕггад кӕндзысты ӕмӕ Йӕм хъусдзысты“. Faic an caibideil |
Ӕз федтон паддзахы бадӕнтӕ; бадтысты сыл, тӕрхон кӕныны бар лӕвӕрд кӕмӕн ӕрцыд, уыдон. Ӕз федтон, Йесойӕн ӕвдисӕн лӕууыны ӕмӕ Хуыцауы ныхас амоныны тыххӕй кӕй сӕртӕ акъуырдтой, уыдоны удтӕ; уыдон нӕ бакуывтой сырдмӕ ӕмӕ йӕ сурӕтмӕ, сӕ тӕрныхтыл ӕмӕ сӕ къухтыл сырды нысан нӕ сӕвӕрдтой. Уыдон райгас сты ӕмӕ Чырыстиимӕ паддзахиуӕг кодтой мин азы.