26 Фӕлӕ ралӕудзӕни тӕрхоны рӕстӕг, йӕ хъомысӕй ӕнӕхай фӕуыдзӕн, ӕмӕ йӕ паддзахдзинадӕн мыггагмӕ кӕрон ӕрцӕудзӕн.
Йӕ цатыртӕ айтындздзӕн денджыз ӕмӕ Уаз хохы, хӕхты рӕсугъддӕры, ӕхсӕн, фӕлӕ йӕ адзал ӕрцӕудзӕн, ӕмӕ йын ничиуал баххуыс кӕндзӕн.
Фӕлӕ Ӕнусты Цӕрӕг куы фӕзынд, уӕд тӕрхон Иууылбӕрзонды сыгъдӕджыты пайдайӕн ахицӕн. Афон куы ӕрцыди, уӕд паддзахы бартӕ айстой сыгъдӕджытӕ.
Уӕд фыдгӕнӕг йӕхи раргом кӕндзӕн, ӕмӕ йӕ Бардарӕг Йесо амардзӕн Йӕ комулӕфтӕй, цы бон ӕрцӕуа, уыцы бон ӕй бабын кӕндзӕн Йӕ кады рухсӕй.
Ӕмӕ уайтӕккӕ зӕхх тынг нынкъуысти, сахары дӕсӕймаг хай ныппырх. Зӕххӕнкъуысты фӕмард авд мин адӕймаджы. Иннӕты бацыд тас, ӕмӕ кад кодтой Уӕларвон Хуыцауӕн.
Уыдон тох кӕндзысты Уӕрыккимӕ, ӕмӕ сӕ Уӕрыкк басӕтдзӕн, уымӕн ӕмӕ Уый у хицӕутты Хицау ӕмӕ паддзӕхты Паддзах, ӕмӕ хуындтытӕ, ӕвзӕрстытӕ ӕмӕ Йӕ иузӕрдионтӕ уыдзысты Йемӕ».
Уымӕн ӕмӕ Йӕ тӕрхӕттӕ сты раст ӕмӕ ӕнӕхӕрам! Уый бафхӕрдта, йӕ хъахбайдзинадӕй зӕхх чи фехӕлдта, уыцы стыр хъахбайы ӕмӕ дзы райста Йӕ лӕггадгӕнджыты туг!»