Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Даниил 7:24 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

24 Дӕс сыкъайы та нысан кӕнынц, уыцы паддзахады фӕд-фӕдыл дӕс паддзахы кӕй уыдзӕнис, уый. Уыдоны фӕстӕ ма фӕзындзӕн иу паддзах. Уый иннӕты хуызӕн нӕ уыдзӕн: ӕртӕ паддзахы бабын кӕндзӕн,

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Даниил 7:24
13 Iomraidhean Croise  

Цӕгаты паддзах раздӕрау, цы йӕ фӕнда, уыдӕттӕ кӕндзӕн, тынг схъал уыдзӕн ӕмӕ йӕхи хуыцӕуттӕй уӕлдӕр сӕвӕрдзӕн. Хуыцӕутты Хуыцауы ныхмӕ ӕвирхъау фауӕн ныхӕстӕ кӕндзӕн ӕмӕ йӕ хъуыддӕгты уыдзӕни ӕнтыстджын, цалынмӕ уыцы уӕззау заманӕн йӕ кӕрон ӕрцӕуа, уӕдмӕ, уымӕн ӕмӕ, рагацау цы снысан чындӕуыд, уыдӕттӕ хъуамӕ иууылдӕр сӕххӕст уой.


Къӕхтӕ ӕмӕ къахы ӕнгуылдзтӕ ӕлыг ӕмӕ ӕфсӕнӕй конд кӕй уыдысты, уый та, паддзахад кӕй ныддихтӕ уыдзӕн, уый амоны. Хӕрз чысыл рӕстӕг ӕфсӕнвидар уыдзӕн, уымӕн ӕмӕ ӕфсӕн ӕмӕ ӕлыг ӕмхӕццӕйӕ федтай.


Мӕн фӕндыд базонын, йӕ сӕрыл цы дӕс сыкъайы уыди, уыдон, стӕй, фӕстагмӕ чи фӕзынд, уыцы сыкъа цы нысан кӕны, уый дӕр. Цӕмӕй уыцы сыкъайӕн бынат суӕгъд уа, уый тыххӕй сыкъатӕй ӕртӕ сӕ бынатӕй срӕдывдӕуыд. Сыкъайӕн уыди цӕстытӕ, ӕмӕ, схъӕл ныхас чи кодта, ахӕм дзых.


Уый фӕдыл мӕ разы лӕууӕг загъта: „Зӕххыл фӕзындзӕн цыппӕрӕм паддзахад, йӕ размӕ чи уыди, уыцы паддзахӕдтӕй иуы хуызӕн дӕр нӕ уыдзӕн. Ацы зӕххыл алцыдӕр ссӕнддзӕн, хӕрдзӕн ӕмӕ дӕрӕн кӕндзӕни.


Арвыл фӕзынд ӕндӕр бӕлвырд нысан дӕр: ӕртхуыз стыр залым — авд сӕры ӕмӕ йын дӕс сыкъайы, йӕ сӕртыл — авд кады худы.


Ӕз лӕууыдтӕн денджызы был змисыл ӕмӕ федтон денджызӕй рацӕйцӕугӕ сырды. Уыдис ын дӕс сыкъайы ӕмӕ авд сӕры; йӕ сыкъатыл уыди дӕс кады худы, йӕ сӕртыл та — Хуыцауы фауӕн нӕмттӕ.


Ӕз уыдтӕн Удӕй разӕнгард, зӕд мӕ акодта ӕдзӕрӕг ранмӕ, ӕмӕ федтон, сырх сырдыл чи бадти, уыцы сылгоймаджы. Сырдыл фыст уыдысты Хуыцауы фауӕн бирӕ нӕмттӕ, уыдис ын авд сӕры ӕмӕ дӕс сыкъайы.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan