Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Даниил 7:22 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

22 Фӕлӕ Ӕнусты Цӕрӕг куы фӕзынд, уӕд тӕрхон Иууылбӕрзонды сыгъдӕджыты пайдайӕн ахицӕн. Афон куы ӕрцыди, уӕд паддзахы бартӕ айстой сыгъдӕджытӕ.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Даниил 7:22
17 Iomraidhean Croise  

Райӕнт иузӕрдионтӕ кадимӕ, цин кӕнӕнт сӕ сынтӕджыты дӕр.


Ӕрцыди Мӕ адӕмы ссӕрибар кӕныны ӕмӕ сын сӕ фыдгултӕй сӕ маст райсыны заман.


Фӕлӕ фӕстӕдӕр паддзахы бартӕ айсдзысты Иууылбӕрзонды сыгъдӕджытӕ, ӕмӕ паддзахдзинад мыггагӕй-мыггагмӕ уыдзӕни сӕ къухы“.


Уый фӕдыл мӕ разы лӕууӕг загъта: „Зӕххыл фӕзындзӕн цыппӕрӕм паддзахад, йӕ размӕ чи уыди, уыцы паддзахӕдтӕй иуы хуызӕн дӕр нӕ уыдзӕн. Ацы зӕххыл алцыдӕр ссӕнддзӕн, хӕрдзӕн ӕмӕ дӕрӕн кӕндзӕни.


Йесо сын дзуапп радта: «Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: Адӕймаджы Фырт ног дунейы Йӕ кадджын паддзахы бадӕны куы ӕрбада, уӕд сымах дӕр, Мӕ фӕдыл рацӕуджытӕ, дыууадӕс бадӕныл ӕрбаддзыстут ӕмӕ Израилы дыууадӕс хӕдзарвӕндагӕн тӕрхон кӕндзыстут.


Уӕд фыдгӕнӕг йӕхи раргом кӕндзӕн, ӕмӕ йӕ Бардарӕг Йесо амардзӕн Йӕ комулӕфтӕй, цы бон ӕрцӕуа, уыцы бон ӕй бабын кӕндзӕн Йӕ кады рухсӕй.


паддзӕхтӕ ӕмӕ нӕ Йӕ Хуыцауӕн ӕмӕ Фыдӕн лӕггадгӕнджытӕ Чи скодта, Уымӕн кад ӕмӕ Паддзахад уӕд ӕнусӕй-ӕнустӕм! Аммен.


Ӕз федтон паддзахы бадӕнтӕ; бадтысты сыл, тӕрхон кӕныны бар лӕвӕрд кӕмӕн ӕрцыд, уыдон. Ӕз федтон, Йесойӕн ӕвдисӕн лӕууыны ӕмӕ Хуыцауы ныхас амоныны тыххӕй кӕй сӕртӕ акъуырдтой, уыдоны удтӕ; уыдон нӕ бакуывтой сырдмӕ ӕмӕ йӕ сурӕтмӕ, сӕ тӕрныхтыл ӕмӕ сӕ къухтыл сырды нысан нӕ сӕвӕрдтой. Уыдон райгас сты ӕмӕ Чырыстиимӕ паддзахиуӕг кодтой мин азы.


Уӕлахиздзауы Ӕз Мемӕ сбадын кӕндзынӕн Мӕ паддзахы бадӕны, Ӕз куыд фӕуӕлахиз дӕн ӕмӕ Мӕ Фыдимӕ Йӕ бадӕны куыд сбадтӕн, афтӕ.


Скодтай сӕ паддзӕхтӕ, нӕ Хуыцауӕн лӕггадгӕнджытӕ, ӕмӕ паддзахиуӕг кӕндзысты зӕххыл».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan