21 Уыцы сыкъа сыгъдӕджыты ныхмӕ хӕцыд ӕмӕ сыл уӕлахиз кодта.
Йе ’фсӕдтӕ Кувӕндоны фидар фӕчъизи кӕндзысты, ӕмӕ дзы ӕрвылбоны нывӕндтӕ ничиуал хӕсдзӕн, Кувӕндоны ӕлгъаг заууаты заман ралӕудзӕн.
Ӕз ын фехъуыстон йӕ дзуапп. Йӕ къухтӕ хӕрдмӕ сдаргӕйӕ, Ӕнусты Цӕрӕгӕй расомы кодта: «Ӕмгъуыд, дыууӕ ӕмгъуыды ӕмӕ ӕмгъуыды ӕрдӕджы фӕстӕ. Хуыцауы ӕвзӕрст адӕмы ныхмӕ тох куы ничиуал кӕна, уӕд ӕппӕтӕн дӕр кӕрон ӕрцӕудзӕни».
Мӕн фӕндыд базонын, йӕ сӕрыл цы дӕс сыкъайы уыди, уыдон, стӕй, фӕстагмӕ чи фӕзынд, уыцы сыкъа цы нысан кӕны, уый дӕр. Цӕмӕй уыцы сыкъайӕн бынат суӕгъд уа, уый тыххӕй сыкъатӕй ӕртӕ сӕ бынатӕй срӕдывдӕуыд. Сыкъайӕн уыди цӕстытӕ, ӕмӕ, схъӕл ныхас чи кодта, ахӕм дзых.
Уыдӕттӕ йын куы бантысти, уӕд уӕларвон ӕфсадӕй хынджылӕггаг сарӕзта, Ӕцӕгад афӕлдӕхта зӕххыл, йӕ фӕндтӕ иууылдӕр сӕххӕст сты.
Уый тынг стыхджын уыдзӕн, фӕлӕ ӕбуалгъ фыдбылызтӕ йӕхи хъаруйӕ нӕ араздзӕн. Йӕ фӕндтӕ иууылдӕр сӕххӕст уыдзысты, бабын кӕндзӕни хъомысджынты ӕмӕ сыгъдӕджыты.
Сыкъатӕй иуыл разади гыццыл сыкъа, уый фӕстӕ бӕлвырд фестырдӕр, аххӕссыд хуссармӕ, скӕсӕнмӕ ӕмӕ алӕмӕты рӕсугъд бӕстӕм.
Уыдон тох кӕндзысты Уӕрыккимӕ, ӕмӕ сӕ Уӕрыкк басӕтдзӕн, уымӕн ӕмӕ Уый у хицӕутты Хицау ӕмӕ паддзӕхты Паддзах, ӕмӕ хуындтытӕ, ӕвзӕрстытӕ ӕмӕ Йӕ иузӕрдионтӕ уыдзысты Йемӕ».
Ӕз федтон: сылгоймаг расыг уыди сыгъдӕджыты — Йесойы ӕвдисӕнты — тугӕй. Куы йӕ федтон, уӕд стыр дисы бафтыдтӕн.
Ӕз федтон сырды ӕмӕ зӕххон паддзӕхты се ’фсӕдтимӕ. Уыдон ӕрӕмбырд сты Барӕджы ӕмӕ Йе ’фсады ныхмӕ хӕцынмӕ.