Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Даниил 7:20 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

20 Мӕн фӕндыд базонын, йӕ сӕрыл цы дӕс сыкъайы уыди, уыдон, стӕй, фӕстагмӕ чи фӕзынд, уыцы сыкъа цы нысан кӕны, уый дӕр. Цӕмӕй уыцы сыкъайӕн бынат суӕгъд уа, уый тыххӕй сыкъатӕй ӕртӕ сӕ бынатӕй срӕдывдӕуыд. Сыкъайӕн уыди цӕстытӕ, ӕмӕ, схъӕл ныхас чи кодта, ахӕм дзых.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Даниил 7:20
9 Iomraidhean Croise  

Ӕз федтон, гыццыл сыкъайы йе схъӕл ныхӕсты тыххӕй куыд амардтой ӕмӕ йӕ куыд басыгътой, уый.


Мӕн фӕндыд базонын, цыппӕрӕм сырд цы нысан кӕны, уый дӕр. Уыцы сырд иннӕты хуызӕн нӕ уыд, йӕ уындӕй мӕ стыр тасы бафтыдта. Уыдис ын ӕфсӕн дӕндӕгтӕ ӕмӕ ӕрхуы дзӕмбытӕ. Алцыдӕр хордта ӕмӕ дӕрӕн кодта, уӕлдӕйттӕ та-иу йӕ къӕхты бын бассӕста.


Уыцы сыкъа сыгъдӕджыты ныхмӕ хӕцыд ӕмӕ сыл уӕлахиз кодта.


Уый фӕдыл мӕ разы лӕууӕг загъта: „Зӕххыл фӕзындзӕн цыппӕрӕм паддзахад, йӕ размӕ чи уыди, уыцы паддзахӕдтӕй иуы хуызӕн дӕр нӕ уыдзӕн. Ацы зӕххыл алцыдӕр ссӕнддзӕн, хӕрдзӕн ӕмӕ дӕрӕн кӕндзӕни.


Цыппӕрӕм сырд уыди ӕвирхъау тӕссаг ӕмӕ тынг тыхджын, стыр ӕфсӕйнаг дӕндӕгтимӕ. Алцыдӕр хордта ӕмӕ дӕрӕн кодта, уӕлдӕйттӕ та йӕ къӕхты бын ссӕста. Иннӕ сырдтӕй иуы хуызӕн дӕр нӕ уыд, ӕмӕ йын уыдис дӕс сыкъайы.


Ӕз лӕмбынӕг кастӕн уыцы сыкъатӕм, ӕмӕ ма мӕнӕ се ’хсӕн иу гыццыл сыкъа фӕзынди. Уымӕн уыдис адӕймаджы цӕстытӕ, ӕмӕ, схъӕл ныхас чи кодта, ахӕм дзых. Иннӕ сыкъатӕй ӕртӕ сӕ бындзарӕй срӕдывдӕуыд, цӕмӕй йын бынат суӕгъд кӕной.


Арвыл фӕзынд ӕндӕр бӕлвырд нысан дӕр: ӕртхуыз стыр залым — авд сӕры ӕмӕ йын дӕс сыкъайы, йӕ сӕртыл — авд кады худы.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan