17 „Ацы цыппар сырды сты цыппар стыр паддзахады, сӕ цыппар дӕр фидӕны ацы зӕххыл фӕзындзысты.
Дунедарӕг ныннӕрыди уӕлӕрвты, Иууылбӕрзонды хъӕлӕс ныййазӕлыд — ихуард ӕмӕ зынджы стъӕлфӕнтӕ.
Мӕ разы чи лӕууыд, уыдонӕй иумӕ бацыдтӕн ӕмӕ йӕ бафарстон, цы федтон, уыдӕттӕ цы нысан кӕнынц, уымӕй. Уый мын алцыдӕр бамбарын кодта:
Фӕлӕ фӕстӕдӕр паддзахы бартӕ айсдзысты Иууылбӕрзонды сыгъдӕджытӕ, ӕмӕ паддзахдзинад мыггагӕй-мыггагмӕ уыдзӕни сӕ къухы“.
Йесо йын дзуапп радта: «Мӕ Паддзахад ацы дунейӕ нӕу. Мӕ Паддзахад ацы дунейӕ куы уаид, уӕд Мӕ фӕсдзӕуинтӕ тох кодтаиккой, цӕмӕй Ӕз иудейӕгты къухмӕ ма бахауон. Фӕлӕ Мӕ Паддзахад ацы дунейӕ нӕу».
Ӕз лӕууыдтӕн денджызы был змисыл ӕмӕ федтон денджызӕй рацӕйцӕугӕ сырды. Уыдис ын дӕс сыкъайы ӕмӕ авд сӕры; йӕ сыкъатыл уыди дӕс кады худы, йӕ сӕртыл та — Хуыцауы фауӕн нӕмттӕ.
Ӕз федтон ӕндӕр сырды зӕххӕй рацӕйцӕугӕ. Уыдис ын уӕрыччы сыкъаты хуызӕн дыууӕ сыкъайы ӕмӕ дзырдта залиаг калмау.