16 Мӕ разы чи лӕууыд, уыдонӕй иумӕ бацыдтӕн ӕмӕ йӕ бафарстон, цы федтон, уыдӕттӕ цы нысан кӕнынц, уымӕй. Уый мын алцыдӕр бамбарын кодта:
Йӕ паддзахы бадӕн — арт, йӕ цӕлхытӕ артау цӕхӕр калынц, Йӕ цурӕй пиллонкалгӕ арт цӕугӕдонау размӕ бырсы. Лӕггад Ын кӕнынц мин-минтӕ, уырдыг Ын лӕууынц ӕрдзӕ-ӕрдзӕтӕ. Байгом сты чингуытӕ, ӕмӕ тӕрхон райдыдта.
„Ацы цыппар сырды сты цыппар стыр паддзахады, сӕ цыппар дӕр фидӕны ацы зӕххыл фӕзындзысты.
Куы мӕм ӕрбахӕстӕг, уӕд фыр тӕссӕй зӕххыл ныддӕлгом дӕн. Уый мын загъта: «Адӕймаджы фырт, бамбар: цы федтай, уыдӕттӕ рӕстӕджы кӕронмӕ хауынц».
Уый мын райдыдта амонын: «Даниил, ӕз ӕрцыдтӕн, цӕмӕй дын, цы нӕ зоныс, уыдӕттӕ бамбарын кӕнон.
Ӕмӕ, мемӕ чи дзырдта, уыцы зӕды бафарстон: «Цы сты адон та?» Уый мын дзуапп радта: «Уыдон сты, Иудей, Израил ӕмӕ Йерусалимы цӕрджыты алы бӕстӕты цы сыкъатӕ ныххӕлиу кодтой, уыдон».
Уалынмӕ фӕзынди, мемӕ чи дзырдта, уыцы зӕд. Йӕ размӕ ’рбацӕйцыд ӕндӕр зӕд,
«Уӕларвӕфсады Бардарӕг афтӕ зӕгъы: Мӕ фӕндӕгтыл куы цӕуай ӕмӕ Мын иузӕрдионӕй куы лӕггад кӕнай, уӕд тӕрхон кӕндзынӕ Мӕ Кувӕндоны ӕмӕ хъахъхъӕндзынӕ Мӕ кӕртытӕ. Ӕмӕ дын Ӕз ратдзынӕн, мӕнӕ ам чи лӕууы, уыдонимӕ Мын лӕггад кӕныныны бар.
Уӕд мын цыппар ӕмӕ ссӕдз хистӕрӕй иу загъта: «Ма ку, мӕнӕ фӕуӕлахиз Домбай, Иудӕйы хӕдзарвӕндагӕй, Давиды Ӕвзар. Уый асӕтдзӕн авд мыхуыры ӕмӕ байгом кӕндзӕн чиныг».