12 Иннӕ сырдтӕн дӕр сӕ раздӕры бартӕ байстой, фӕлӕ сӕ ӕмгъуыдмӕ удӕгасӕй ныууагътой.
Ӕз федтон, гыццыл сыкъайы йе схъӕл ныхӕсты тыххӕй куыд амардтой ӕмӕ йӕ куыд басыгътой, уый.
Ноджы ма мӕ фыны федтон: чидӕр Адӕймаджы Фырты хуызы ӕврӕгътыл ӕрцӕйцыди. Куы ӕрбахӕстӕг, уӕд Ӕй Ӕнусты Цӕрӕджы размӕ бакодтой.
Куыд ӕм хӕстӕг кодта, афтӕ тынгӕй-тынгдӕр абухта. Уыциу цӕф ӕй ныккодта ӕмӕ йын йӕ дыууӕ сыкъайы дӕр ӕрбасаста. Фырмӕ цӕуы ныхмӕ фӕлӕууыны хъару нӕ разынди, цӕу ӕй зӕххыл афӕлдӕхта, йӕ къӕхтӕй йӕ ссӕста, ӕмӕ йын баххуысгӕнӕг нӕ уыд.