9 Паддзах Дарий сразы ӕмӕ бардзырдыл йӕ къух ӕрӕвӕрдта.
Кӕд паддзахӕн фӕндон у, уӕд ахӕм уынаффӕ рахӕссӕд ӕмӕ йӕ персайнаг ӕмӕ мидиаг уагӕвӕрдты ныффыссӕд: Ваштийӕн паддзах Ксерксмӕ фӕндаг нал ис. Паддзах ын йӕ бынатмӕ равзарӕд ӕндӕр сылгоймаг, Ваштийӕ хуыздӕр.
Ӕрыгон лӕппу куыд бахъахъхъӕна сыгъдӕгӕй йӕ фӕндаг? Дӕ ныхасмӕ гӕсгӕ цӕрӕд.
Дунедарӕг сдзӕбӕх кӕны зӕрдӕсастыты, сӕ хъӕдгӕмттӕ сын бабӕтты.
уӕд дӕ рацахста дӕхи ныхас, дӕхи ныхӕсты уацары бахаудтӕ.
Уӕ зӕрдӕ ма дарут адӕймагыл, йӕ уд йӕ улӕфӕнты кӕмӕн ис, ууыл. Ау, уымӕн исты у йӕ бон?