28 Дарий ӕмӕ персайнаг паддзах Киры заман дӕр Даниил паддзахады ахста зынгӕ бынат, царди фӕрнӕйдзагӕй.
Персайнаг паддзах Кирӕн йӕ паддзахиуӕджы фыццӕгӕм аз сӕххӕст ис, Дунедарӕг пехуымпар Йеремиайы уылты цы фехъусын кодта, уый. Дунедарӕг персайнаг паддзахы сразӕнгард кодта, цӕмӕй йе ’ппӕт паддзахады дӕр фехъусын кӕна ӕмӕ ныффысса ахӕм бардзырд:
«Афтӕ зӕгъы Кир, Персы паддзах: дунейы ӕппӕт паддзахӕдтӕ мын иууылдӕр Дунедарӕг, уӕларвон Хуыцау, мӕ къухмӕ радта. Ӕмӕ мын бафӕдзӕхста, цӕмӕй Йын Йерусалимы, Иудейы зӕххыл, саразон Кувӕндон. Гъемӕ уӕ Йӕ адӕмӕй чи у, уыдон иууылдӕр уырдӕм ацӕуӕнт, ӕмӕ уын Дунедарӕг ахъазгӕнӕг фӕуӕд!»
Айнӕг афаста ӕдзӕрӕг быдыры, цӕмӕй сӕ бафсада донӕй — раст цыма дӕтты ӕнӕбын арфӕй.
Кирӕн зӕгъын: „Мӕ адӕмӕн фыййау уыдзынӕ“. Уый Мын сӕххӕст кӕндзӕни Ме ’ппӕт фӕндтӕ дӕр. Йерусалимӕн зӕгъдзӕни: „Ногӕй дӕ рацараздзысты!“ Кувӕндонӕн зӕгъдзӕни: „Амад ӕрцӕудзынӕ!“»
Ды фенын кодтай ӕвдисӕйнӕгтӕ ӕмӕ диссӕгтӕ Мысыры. Абоны онг сӕ Израил ӕмӕ ӕппӕт адӕмы ’хсӕн ӕвдисыс, скадджын кодтай Дӕхи, ӕмӕ уыцы кад Демӕ ис ныр дӕр.
Даниил паддзахы галуаны лӕггад кодта, цалынмӕ Кир Вавилоны бӕстӕйы паддзах сси, уӕдмӕ.
Персы паддзах Кир ӕртыккаг аз паддзахиуӕг куы кодта, уыцы заман, Белтешацар кӕй хуыдтой, уыцы Даниилӕн раргом ис уац фидӕны стыр хӕсты тыххӕй. Даниил уыцы ӕргомад бамбӕрста цӕстылуайӕны.
Уӕдӕ ныр ӕз ӕппӕт адӕмтӕ, алы ’взӕгтыл дзурджытӕ ӕмӕ адӕмыхӕттытӕн фӕдзӕхсын: Шадрах, Мешах ӕмӕ Авед-Негойы Хуыцауы ныхмӕ чи сдзура, уый уӕнггай скӕнын кӕндзынӕн, йӕ хӕдзар та дӕрӕнгонд ӕрцӕудзӕн. Уымӕн ӕмӕ ацы Хуыцауы хуызӕн иу хуыцау дӕр никӕй фервӕзын кӕндзӕн!»
ПЕРЕС — „Дӕ паддзахад ныддихтӕ ис, лӕвӕрд цӕуы мидиӕгтӕ ӕмӕ персайнӕгты къухтӕм“».