27 Уый у ирвӕзынгӕнӕг, аразы диссӕгтӕ ӕмӕ фенын кӕны ӕвдисӕйнӕгтӕ уӕларвыл ӕмӕ зӕххыл. Йӕ фӕрцы Даниил домбӕйтты дзӕмбытӕй аирвӕзт».
Фӕлӕ мӕгуыр лӕджы Уый фервӕзын кӕны фыдбылызӕй, йӕ бафхӕрды фӕрцы йын байгом кӕны йӕ хъустӕ.
Уый денджызы дӕттӕ ’рбамбырд кодта лалымау, ӕнӕбын хуыдымты бафснайдта дон.
Ӕрмӕстдӕр Дунедарӕг у ӕцӕг Хуыцау, Уый у цардӕгас Хуыцау ӕмӕ ӕнусон Паддзах. Йӕ мастӕй сӕнкъуысы зӕхх, адӕм ӕдых сты Йӕ масты раз.
Ацы паддзахӕдты заман Уӕларвон Хуыцау сырӕзын кӕндзӕн мыггагмӕйы паддзахад. Уыцы паддзахадыл ӕндӕр адӕмтӕ никуы фӕуӕлахиз уыдзысты, никуы фесӕфдзӕн. Йӕ размӕ цы паддзахӕдтӕ уыди, уыдоны ныззыгуым кӕндзӕн, йӕхӕдӕг та лӕудзӕнис ӕнусмӕ.
Афон куы ралӕууыд, уӕд ӕз, Навуходоносор, арвмӕ скастӕн, ӕмӕ мӕ зонд мӕхимӕ ’рцыди. Уӕд арфӕ ракодтон Иууылбӕрзондӕн, Ӕнусмӕ Цӕрӕгӕн скад кодтон. Уый паддзахиуӕг кӕны фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ, мыггагӕй-мыггагмӕ.
Ныр ӕз стауын Уӕларвон Паддзахы ӕмӕ Йын кад кӕнын. Йӕ хъуыддӕгтӕ ӕмӕ Йӕ фӕндӕгтӕ иууылдӕр раст сты. Уый ӕрныллӕг кӕндзӕн, сӕрбӕрзондӕй чи цӕуы, уыдоны».
Хъоргъмӕ куы бахӕццӕ, уӕд Даниилмӕ ӕнкъард хъӕлӕсӕй ныдздзырдта: «Даниил, цардӕгас Хуыцауы цагъар! Ӕнувыдӕй Кӕмӕн лӕггад кӕныс, уыцы Хуыцау дӕ домбӕйтты дзыхӕй фервӕзын кодта?»
Йесо йын загъта: «Сымах ӕнӕ ӕвдисӕйнӕгтӕ ӕмӕ диссӕгтӕ ницӕуыл баууӕнддзыстут».
Дӕ къух радар ӕмӕ Дӕ сыгъдӕг Лӕггадгӕнӕг Йесойы номӕй дзӕбӕх кӕн рынчынты, ӕвдисӕйнӕгтӕ ӕмӕ диссӕгтӕ равдис».
Уыцы уац ӕцӕг кӕй у, уый Хуыцау Йӕхӕдӕг сбӕлвырд кодта ӕвдисӕйнӕгтӕй, Йӕ хъомысыл дзурӕг алыхуызон хъуыддӕгтӕй, Сыгъдӕг Уд цы курдиӕттӕ дӕтты ӕмӕ Йӕхи фӕндонмӕ гӕсгӕ кӕй бахай кодта, уыдонӕй.
Давид йӕ цуры лӕуджыты бафарста: «Уыцы филистимаджы чи амара ӕмӕ Израилы фидистӕй чи бахиза, уымӕн цавӕр хорзы бацыдӕуыдзӕн? Чи у, чи, уыцы ӕнӕсунӕт филистимаг, цы фидистӕ кӕны удӕгас Хуыцауы ӕфсадӕн?»