Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Даниил 6:2 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

2 ӕмӕ сын сӕ сӕргъы ӕртӕ стыр хицауы сӕвӕрдта. Паддзахы барджынтӕ хъуамӕ стыр хицӕутты раз дзуапп лӕвӕрдтаиккой, цӕмӕй паддзахады мацы знаггад ӕрцӕуа. Ӕртӕ хицауӕй иу уыди Даниил.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Даниил 6:2
14 Iomraidhean Croise  

Лӕмбынӕг кӕсут, ӕнӕрхъуыдыйӕ уӕ мацы аирвӕзӕд. Паддзӕхтӕн зиан цы хӕссы, уый куынӕг кӕнын хъӕуы».


Уымӕн ӕмӕ ӕз ӕмӕ мӕ адӕм уӕйгонд ӕрцыдыстӕм — хъуамӕ нӕ бындзагъд, быныскъуыд ӕмӕ бынсӕфт фӕкӕной. Нӕлгоймагӕй, сылгоймагӕй нӕ цагъар уӕд та куы саразиккой, уӕд мӕ дзыхыл ныххӕцин ӕмӕ паддзахы нӕ батыхсын кӕнин».


Фӕнды дӕ къӕхтӕ сӕ рӕбынӕй алыг кӕн кӕнӕ фыдбылызы бахау, фӕнды дӕ хъуыддаг ӕдылыйӕн бабар кӕн.


Уӕлзондӕн йӕ рахиз къухы — бирӕ цӕрӕнбон, йӕ галиуы — хъӕздыгдзинад ӕмӕ цыт.


Куыд зонын, афтӕмӕй дӕуӕн дӕ бон у сусӕгдзинӕдтӕ ӕмӕ зынӕвзарӕн хъуыддӕгтӕ ӕмбарын кӕнын. Уӕдӕ мын ныр ацы фыст куы бакӕсай ӕмӕ, цы нысан кӕны, уый куы зӕгъай, уӕд дӕ сфӕлынддзысты сӕнт сырх дарӕсы, дӕ хъуырыл дын ӕркӕндзысты сыгъзӕрин рӕхыс, паддзахады та ӕз ӕмӕ ус-паддзахы фӕстӕ суыдзынӕ ӕртыккаг хицау».


Уӕд Балтасар йӕ лӕггадгӕнджытӕн бафӕдзӕхста, цӕмӕй Даниилы сӕнт сырх дарӕсы сфӕлындой, йӕ хъуырыл ын сыгъзӕрин рӕхыс ӕркӕной, стӕй ӕппӕт адӕмӕн фехъусын кӕной, паддзах ӕмӕ ус-паддзахы фӕстӕ паддзахады ӕртыккаг лӕгыл нымад кӕй уыдзӕни, уый.


Паддзах хъӕрӕй бардзырд радта, кӕлӕнгӕнджытӕ, стъалыдӕснытӕ ӕмӕ иннӕ халдейаг куырыхонтӕм фӕдзурут, зӕгъгӕ. Паддзах Вавилоны куырыхонтӕн загъта: «Ацы фыст мын чи бакӕса ӕмӕ йӕ чи бамбарын кӕна, уый сфӕлынддзысты сӕнт сырх дарӕсы, йӕ хъуырыл ын ӕркӕндзысты сыгъзӕрин рӕхыс, ӕз ӕмӕ ус-паддзахы фӕстӕ паддзахады нымад уыдзӕн ӕртыккаг хицауыл».


Дарий йӕ паддзахад ӕхсӕзыссӕдз лӕджы бар бакодта


Уымӕн ӕмӕ Уӕларвон Паддзахад у, йӕ цагъартӕй дзы чи цы дары, уый банымайын чи сфӕнд кодта, уыцы паддзахы хуызӕн.


Уый йӕм фӕсидт ӕмӕ йын загъта: „Уый дӕ цытӕ хъусын? Дӕ бӕрны цы уыди, уымӕн хыгъд скӕн ӕмӕ мӕм ӕй ратт, нырӕй фӕстӕмӕ мӕ исбонӕн уынаффӕ кӕнынӕй сӕрибар дӕ“.


Ӕмӕ ахӕм ӕууӕнкӕй чи фӕхайджын ис, уыдонӕй домдӕуы сӕхи иузӕрдионӕй равдисын.


Дунедарӕг, Израилы Хуыцау, зӕгъы, Ӕз дын зӕрдӕ бавӕрдтон: дӕ хӕдзар ӕмӕ Мын дӕ мыггаг ӕнусмӕ кӕндзысты лӕггад. Фӕлӕ нырӕй фӕстӕмӕ уымӕн уӕвӕн нал ис! — зӕгъы Дунедарӕг. Аргъуыц Мӕ чи кӕны, Ӕз уыдоны сбӕрзонд кӕндзынӕн, чи Мӕ нӕ нымайы, уыдоны та ӕрныллӕг кӕндзынӕн!


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan