18 Дарий йӕ галуанмӕ куы ӕрбаздӕхт, уӕд йӕ дзыхмӕ хойраг нал схаста. Хуыссӕг ӕй нал ахста, ӕмӕ уыцы ӕхсӕв йӕ номылустыты дӕр ӕрбакӕнын нӕ бауагъта.
Паддзахы размӕ рацыди Саулы фырты фырт Мефивошет дӕр. Паддзахы ацыды бонӕй, сӕрӕгасӕй фӕстӕмӕ куы ӕрбаздӕхти, уыцы бонмӕ уый йӕ къӕхты ныхтӕ дӕр никуы ракодта, йӕ зачъе дӕр никуы фӕцыбыр кодта, йӕ дарӕс дӕр никуы ныхсадта.
Фӕлӕ йын ныр Илийа цытӕ радзырдта, уыдӕттӕ куы фехъуыста, уӕд йӕ дарӕс арӕдывта фӕйнӕрдӕм ӕмӕ йӕ уӕлӕ сӕхъис скодта, куы-иу схуыссыд, уӕд дӕр-иу ӕй нӕ раласта; ком дардта ӕмӕ ӕрхӕндӕгӕй рацу-бацу кодта.
Уыцы ӕхсӕв паддзахыл хуыссӕг нал хӕцыд. Ӕрвылбоны хабӕрттӕ фыст кӕм уыдысты, уыцы азфыст ӕрцагуырдта ӕмӕ йын ӕй хъӕрӕй кастысты.
далатӕ ӕмӕ хъисфӕндыртимӕ зарынц, сӕхи хъӕлдзӕг дарынц уадындзтӕй.
Ӕрзоныг кӕнын Дӕ уаз Кувӕндоны раз ӕмӕ стауын Дӕ ном Дӕ хорзӕх ӕмӕ Дӕ иузӕрдионы тыххӕй. Уымӕн ӕмӕ Ды ӕппӕтӕй уӕлдӕр систай Дӕ ном ӕмӕ Дӕ ныхас.
уый мах сӕ байзӕддагӕй нӕ бамбӕхсдзыстӕм: фӕстагӕттӕн ракӕндзыстӕм Дунедарӕджы кады хъуыддӕгты, Йӕ хъомысы, Йӕ диссӕгты кой.
Алы бӕстӕтӕй ӕмӕ паддзӕхтӕй ӕнӕнымӕц сыгъзӕрин, ӕвзист ӕмӕ хӕзна дуртӕ ӕрӕмбырд кодтон; уыдис мӕм зарӕггӕнджытӕ, алы уадынгӕрзтыл цӕгъдджытӕ, Адамы фырттӕ сӕхи кӕмӕй буц кӕнынц, уыдон — устытӕ ӕмӕ номылустӕ.
Удӕгасӕй мӕ дзыхъмӕ ныппӕрстой, йӕ сӕр ын дурӕй сӕхгӕдтой!
хӕрзад хӕринӕгтӕ нӕ хордтон, дзидза ӕмӕ сӕны хъӕстӕ нӕ фӕдӕн, стӕй ӕртӕ къуырийы мӕ сӕр сойӕ дӕр нӕ байсӕрстон.
Вавилойнаг паддзах Навуходоносор дыккаг аз паддзахиуӕг куы кодта, уӕд федта ӕнахуыр фын. Уыйадыл катайы бацыд ӕмӕ йӕ хуыссӕг нал ахста.
Сӕумӕцъӕхӕй фестад ӕмӕ домбӕйтты хъоргъмӕ рӕвдз ауади.
Нал фехъусдзынӕ фӕндырдзӕгъдджыты ӕмӕ зарӕггӕнджыты, уадындзтӕ ӕмӕ сыкъауадындзтыл цӕгъдджыты; нал дӕм уыдзӕн иу ӕрмдӕсны дӕр, нал дӕ хъуысдзӕн куыройы фыдты уынӕр;