Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Даниил 6:14 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

14 Паддзах уый куы фехъуыста, уӕд катайы бацыд ӕмӕ хурныгуылдмӕ Даниилы фервӕзын кӕныныл архайдта.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Даниил 6:14
10 Iomraidhean Croise  

Даны хӕдзарвӕндагӕй ӕрцыд дыууын аст мин ӕхсӕзсӕдӕ хӕстифтонг лӕджы.


Уыйадыл Аман паддзах Ксерксӕн загъта: «Иу адӕмыхатт ис, дӕ бӕстӕйы алы кӕрӕтты иннӕ адӕмты ’хсӕн чи ныппырх ис. Се ’гъдӕуттӕ уыдонӕн бынтон ӕндӕр сты, стӕй уыдон паддзахы уынаффӕтӕ дӕр не ’ххӕст кӕнынц. Паддзах та сын уыцы бар хъуамӕ ма дӕтта. Кӕд паддзахӕн фӕндон у — сӕ ныццӕгъдыны уынаффӕ рахӕссӕд, ӕмӕ уӕд ӕз къазнадартӕн дӕс мин таланты ӕвзист ратдзынӕн, ӕмӕ сӕ паддзахы къазнамӕ бафтаудзысты».


Иудейаг лӕппуты ’хсӕн уыдысты Даниил, Хананиа, Мишаел ӕмӕ Азариа дӕр.


Уӕдӕ Вавилоны хъуыддӕгтӕ кӕмӕн бабар кодтай, уыцы дзуттӕгтӕ, Шадрах, Мешах ӕмӕ Авед-Него, дӕу, паддзах, ницӕмӕ дарынц! Дӕ хуыцӕуттӕн дын табу нӕ кӕнынц, стӕй, кӕй саразын кодтай, уыцы сыгъзӕрин гуымирымӕ нӕ кувынц ӕмӕ йын нӕ лӕггад кӕнынц».


Навуходоносор уый куы фехъуыста, уӕд смӕсты ис ӕмӕ Шадрах, Мешах ӕмӕ Авед-Негойы йӕ размӕ ӕрбакӕнын кодта. Йӕ размӕ куы ӕрлӕууыдысты,


Паддзах фенкъард ис, фӕлӕ уазджыты раз сомы кӕй ракодта, уымӕ гӕсгӕ чызгӕн «нӕ» зӕгъын нал сфӕрӕзта.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan