Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Даниил 6:13 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

13 Уыдон Дарийӕн загътой: «Паддзах, Иудейы бӕстӕй кӕй ӕрбакодтой, уыцы адӕмӕй иу, Даниил, дӕхи дӕр ӕмӕ дын дӕ бардзырд дӕр ницӕмӕ дары, бон ӕртӕ хатты кувы йӕ Хуыцаумӕ».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Даниил 6:13
9 Iomraidhean Croise  

Уыйадыл Аман паддзах Ксерксӕн загъта: «Иу адӕмыхатт ис, дӕ бӕстӕйы алы кӕрӕтты иннӕ адӕмты ’хсӕн чи ныппырх ис. Се ’гъдӕуттӕ уыдонӕн бынтон ӕндӕр сты, стӕй уыдон паддзахы уынаффӕтӕ дӕр не ’ххӕст кӕнынц. Паддзах та сын уыцы бар хъуамӕ ма дӕтта. Кӕд паддзахӕн фӕндон у — сӕ ныццӕгъдыны уынаффӕ рахӕссӕд, ӕмӕ уӕд ӕз къазнадартӕн дӕс мин таланты ӕвзист ратдзынӕн, ӕмӕ сӕ паддзахы къазнамӕ бафтаудзысты».


Иудейаг лӕппуты ’хсӕн уыдысты Даниил, Хананиа, Мишаел ӕмӕ Азариа дӕр.


Ариох Даниилы уайтагъд паддзахы раз балӕууын кодта ӕмӕ загъта: «Паддзах! Иудейӕ кӕй ӕрбакодтой, уыцы хаст адӕмы ’хсӕн иу лӕджы ссардтон. Уый дын, дӕ фын цы амоны, уый радзурдзӕн».


чи нӕ ныддӕлгом уа ӕмӕ чи нӕ бакува, уыдон та пецы пиллон артмӕ ӕппӕрст куыд ӕрцӕуой.


Уӕдӕ Вавилоны хъуыддӕгтӕ кӕмӕн бабар кодтай, уыцы дзуттӕгтӕ, Шадрах, Мешах ӕмӕ Авед-Него, дӕу, паддзах, ницӕмӕ дарынц! Дӕ хуыцӕуттӕн дын табу нӕ кӕнынц, стӕй, кӕй саразын кодтай, уыцы сыгъзӕрин гуымирымӕ нӕ кувынц ӕмӕ йын нӕ лӕггад кӕнынц».


Уыцы рӕстӕг Навуходоносормӕ халдейӕгтӕй чидӕртӕ бацыдысты ӕмӕ дзуттӕгты банымыгътой:


Даниил паддзахы раз куы ӕрлӕууыди, уӕд ын Балтасар загъта: «Ды Даниил дӕ, мӕ паддзах фыд Иудейӕ кӕй ӕрбакодта, уыцы хаст адӕмӕй иу?


Йасон сӕ суазӕг кодта. Уыдон халынц кесӕры уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ дзурынц, зӕгъгӕ, ис ӕндӕр паддзах — Йесо».


Петр ӕмӕ иннӕ апостолтӕ дзуапп радтой: «Адӕмы коммӕ нӕ, фӕлӕ Хуыцауы коммӕ хъуамӕ кӕсӕм.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan