Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Даниил 6:12 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

12 Ӕмӕ уӕд паддзахмӕ бацыдысты ӕмӕ йын йӕ бардзырд ӕрлӕууын кодтой йӕ зӕрдыл: «Паддзах, ды дӕхи къухӕй сфидар кодтай дӕ бардзырд: дӕс ӕмӕ ссӕдз боны дӕргъы хуыцаумӕ кӕнӕ дӕу йеддӕмӕ ӕндӕр адӕймагмӕ дӕр чи скува, уый хъуамӕ домбӕйтты хъоргъы ӕппӕрст ӕрцӕуа». Паддзах сын дзуапп радта: «Мидиӕгтӕ ӕмӕ персайнӕгты ӕгъдӕуттӕн аивӕн куыд нӕй, афтӕ фидар у уыцы бардзырд дӕр».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Даниил 6:12
7 Iomraidhean Croise  

Кӕд паддзахӕн фӕндон у, уӕд ахӕм уынаффӕ рахӕссӕд ӕмӕ йӕ персайнаг ӕмӕ мидиаг уагӕвӕрдты ныффыссӕд: Ваштийӕн паддзах Ксерксмӕ фӕндаг нал ис. Паддзах ын йӕ бынатмӕ равзарӕд ӕндӕр сылгоймаг, Ваштийӕ хуыздӕр.


Фӕлӕ та йӕм йӕ барджынтӕ ногӕй бацыдысты ӕмӕ йын загътой: «Ды зоныс, паддзах, мидиӕгтӕ ӕмӕ персайнӕгты закъонмӕ гӕсгӕ, паддзах йӕ къух кӕуыл бафысса, уыцы бардзырдӕн аивӕн нӕй».


Паддзах, уӕдӕ ныр ацы бардзырдыл дӕ къух ӕрӕвӕр, цӕмӕй, мидиӕгтӕ ӕмӕ персайнӕгты ӕгъдӕуттӕн аивӕн куыд нӕй, афтӕ уымӕн дӕр фехалӕн ма уа».


Се ’фтиагыл зӕрдӕ дарӕн кӕй нал ис, чызджы хицӕуттӕ уый куы федтой, уӕд Павел ӕмӕ Силӕйы ӕрцахстой, лӕгдыхӕй сӕ акодтой сӕйраг фӕзмӕ, сахары сӕргълӕуджытӕм.


Уый ахӕм бардзырд куы райста, уӕд сӕ баппӕрста ахӕстоны рӕбинаг хаймӕ ӕмӕ сын сӕ къӕхтыл бакодта хъадамантӕ.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan