Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Даниил 5:7 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

7 Паддзах хъӕрӕй бардзырд радта, кӕлӕнгӕнджытӕ, стъалыдӕснытӕ ӕмӕ иннӕ халдейаг куырыхонтӕм фӕдзурут, зӕгъгӕ. Паддзах Вавилоны куырыхонтӕн загъта: «Ацы фыст мын чи бакӕса ӕмӕ йӕ чи бамбарын кӕна, уый сфӕлынддзысты сӕнт сырх дарӕсы, йӕ хъуырыл ын ӕркӕндзысты сыгъзӕрин рӕхыс, ӕз ӕмӕ ус-паддзахы фӕстӕ паддзахады нымад уыдзӕн ӕртыккаг хицауыл».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Даниил 5:7
28 Iomraidhean Croise  

Фараон катайы бацыд ӕмӕ райсомӕй Мысыры дӕсныфӕрсджытӕ ӕмӕ куырыхонтӕм се ’гасмӕ дӕр фӕсидт ӕмӕ сын йӕ фынтӕ радзырдта. Фӕлӕ уыдонӕй никӕй бон баци фараоны фынтӕ райхалын.


Уыцы хабары фӕстӕ паддзах Ксеркс агагаг Хаммедатайы фырт Аманы скадджын кодта. Сбӕрзонд ис Аман, йӕ бадӕн иннӕ уӕздӕттӕй фӕуӕлдӕр.


Уӕд фараон фӕсидти йӕ куырыхонтӕм ӕмӕ йӕ кӕлӕнгӕнджытӕм, ӕмӕ Мысыры дӕсныфӕрсджытӕ дӕр хин ӕмӕ кӕлӕны руаджы афтӕ бакодтой:


уый дӕ сӕрӕн — диссаджы кады худ, дӕ хъуырӕн — фӕрдгуытӕ.


Сыгъзӕрин фӕлындӕнтӕ дын сараздзыстӕм, саив сӕ кӕндзыстӕм ӕвзистӕй.


Дӕ уынаффӕгӕнджытӕй пайда нӕй, ӕмӕ ныр та, арв чи сгары, уыдон — стъалыдӕснытӕ — ӕрбалӕууӕнт дӕ уӕлхъус ӕмӕ дӕ хизӕнт фыдбылызӕй, ӕрцӕуинаг дыл цы у, уый мӕйногмӕ гӕсгӕ дзургӕйӕ.


Халдейӕгтӕ, Вавилоны цӕрджытӕ, сӕ уӕздӕттӕ ӕмӕ сӕ куырыхонты ныхмӕ кард ист ӕрцыд, — зӕгъы Дунедарӕг. —


Рӕсугъд дӕ сфӕлыстон, дӕ къухтыл дын бакодтон цонгдарӕнтӕ, дӕ хъуырыл та фӕрдгуытӕ.


Паддзах-иу сӕ цыфӕнды хъуыддагӕй дӕр куы фарста, уӕд-иу ӕгас паддзахады дӕсныфӕрсджытӕ ӕмӕ кӕлӕнгӕнджытӕй дӕс хатты зондджындӕр разындысты.


бакастджын, ахуырмӕ зӕрдӕргъӕвд, зондджын ӕмӕ ӕмбаргӕ лӕппуты — фидӕны паддзахы галуаны сӕ бон лӕггад кӕнын кӕмӕн суыдзӕн, ахӕмты. Лӕппуты хъуамӕ халдейагау кӕсын ӕмӕ фыссын сахуыр кодтаиккой.


Паддзах фӕсидти кӕлӕнгӕнджытӕ, дӕсныфӕрсджытӕ, стъалыдӕснытӕ ӕмӕ халдейаг куырыхонтӕм. Куы ӕрбацыдысты ӕмӕ йӕ разы куы ӕрлӕууыдысты, уӕд сын


Даниил паддзахӕн дзуапп радта: «Паддзах цы сусӕгдзинадӕй фӕрсы, уый йын куырыхонтӕ, кӕлӕнгӕнджытӕ, дӕсныфӕрсджытӕ ӕмӕ стъалыдӕснытӕ нӕ раргом кӕндзысты.


Уый фӕстӕ паддзах Даниилы ноджы уӕлдӕр систа, бирӕ зынаргъ лӕвӕрттӕ йын ракодта ӕмӕ йӕ ӕппӕт Вавилонийы хицауӕй сӕвӕрдта. Даниил сси вавилойнаг куырыхонты сӕргълӕууӕг.


Фӕлӕ мын мӕ фын куы радзурат ӕмӕ мын, цы нысан кӕны, уый куы зӕгъат, уӕд уын хӕрзиуджытӕ ратдзынӕн ӕмӕ уын стыр кад скӕндзынӕн. Мӕ фын цы амоны, уый мын зӕгъут!»


Афтӕ рацӕудзӕнис авд азы. Ахӕм у Уаз Хъахъхъӕнджыты уынаффӕ, уый сӕ тӕрхон у. Ӕппӕт зӕххон цӕрджытӕ хъуамӕ базоной: зӕххон паддзахӕдтӕн ис иунӕг хицау — Иууылбӕрзонд! Кӕмӕн Ӕй фӕнды, уыдонӕн сӕ ратты, адӕмӕн сӕ ныллӕгдӕры паддзахы бынатмӕ сисы‘.


Дӕ паддзахады ис, Уаз Хуыцауы Удӕй хайджын чи у, ахӕм лӕг. Дӕ фыды заман уымӕ разынди диссаджы сӕрызонд, ӕмӕ хуыцӕуттау уыди куырыхон. Дӕ фыд, паддзах Навуходоносор ӕй дӕсныфӕрсджытӕ, кӕлӕнгӕнджытӕ, стъалыдӕснытӕ ӕмӕ иннӕ халдейаг куырыхонты сӕргъы сӕвӕрдта.


Цӕмӕй ацы фыст бакӕсой ӕмӕ, цы нысан кӕны, уый зӕгъой, уый тыххӕй мӕм ӕрбакодтой Вавилоны ӕппӕт куырыхонты ӕмӕ кӕлӕнгӕнджыты, фӕлӕ мын ӕй сӕ бон бамбарын кӕнын не сси.


Куыд зонын, афтӕмӕй дӕуӕн дӕ бон у сусӕгдзинӕдтӕ ӕмӕ зынӕвзарӕн хъуыддӕгтӕ ӕмбарын кӕнын. Уӕдӕ мын ныр ацы фыст куы бакӕсай ӕмӕ, цы нысан кӕны, уый куы зӕгъай, уӕд дӕ сфӕлынддзысты сӕнт сырх дарӕсы, дӕ хъуырыл дын ӕркӕндзысты сыгъзӕрин рӕхыс, паддзахады та ӕз ӕмӕ ус-паддзахы фӕстӕ суыдзынӕ ӕртыккаг хицау».


Уӕд Балтасар йӕ лӕггадгӕнджытӕн бафӕдзӕхста, цӕмӕй Даниилы сӕнт сырх дарӕсы сфӕлындой, йӕ хъуырыл ын сыгъзӕрин рӕхыс ӕркӕной, стӕй ӕппӕт адӕмӕн фехъусын кӕной, паддзах ӕмӕ ус-паддзахы фӕстӕ паддзахады ӕртыккаг лӕгыл нымад кӕй уыдзӕни, уый.


Тынг дӕ скадджын кӕндзынӕн, цыдӕриддӕр мын зӕгъай, уый бакӕндзынӕн. Рацу ӕмӕ мын уыцы адӕмы ралгъит“».


Ацыдысты Моав ӕмӕ Мидианы хистӕртӕ. Балаамӕн мызд ахастой дӕсныфӕрсӕггаг ӕмӕ йын Балакы ныхӕстӕ рафӕзмыдтой.


Фесӕф мӕ разӕй, згъоргӕ кӕн уӕхимӕ! Мӕ зӕрды дын скад кӕнын уыди, фӕлӕ дӕ Дунедарӕг кадӕй ӕнӕхай фӕкодта».


Дзырдтой: «Уынут, размӕ чи рацыд, уыцы лӕджы? Израилӕн фидистӕ кӕны. Чи йӕ амарид, уымӕн паддзах балӕвар кӕнид бирӕ исбон ӕмӕ йын раттид йӕ чызджы, стӕй йын йӕ бинонты суӕгъд кӕнид хъалон фидынӕй».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan