31 ӕмӕ паддзах сси мидиаг Дарий. Уыцы заман Дарийыл цыди ӕхсай дыууӕ азы.
Уыцы зӕххӕн рагацау цы снысан кодтон ӕмӕ ацы чиныджы цыдӕриддӕр фыст ис, Йеремиа ӕппӕт адӕмты тыххӕй рагуацы хуызы цыдӕриддӕр загъта, уыдон Ӕз иууылдӕр сӕххӕст кӕндзынӕн.
О Вавилон! Дӕ размӕ дын ахсӕн хыз сӕвӕрдтон, ӕмӕ дзы бахаудтӕ, уымӕн ӕмӕ уый ӕнхъӕл нӕ уыдтӕ. Баййӕфтой дӕ ӕмӕ дӕ ’рцахстой, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕджы ныхмӕ тох кодтай».
Мидиаг Дарий фыццаг аз хицауиуӕг куы кодта, уӕд та йӕм ӕз ӕрцыдтӕн ӕххуысмӕ.
ПЕРЕС — „Дӕ паддзахад ныддихтӕ ис, лӕвӕрд цӕуы мидиӕгтӕ ӕмӕ персайнӕгты къухтӕм“».
Дарий йӕ паддзахад ӕхсӕзыссӕдз лӕджы бар бакодта
Халдейӕгты паддзах сси мидиаг Ксерксы фырт Дарий. Ӕз, Даниил, йӕ паддзахиуӕджы фыццаг аз сагъӕсы бацыдтӕн, Дунедарӕг пехуымпар Йеремиайӕн Сыгъдӕг Фысты цы раргом кодта, уый фӕдыл. Куыд бамбӕрстон, афтӕмӕй Йерусалимы сахар дӕс ӕмӕ ӕртиссӕдз азы дӕргъы хъуамӕ гӕныстонӕй лӕууыдаид.