Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Даниил 5:29 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

29 Уӕд Балтасар йӕ лӕггадгӕнджытӕн бафӕдзӕхста, цӕмӕй Даниилы сӕнт сырх дарӕсы сфӕлындой, йӕ хъуырыл ын сыгъзӕрин рӕхыс ӕркӕной, стӕй ӕппӕт адӕмӕн фехъусын кӕной, паддзах ӕмӕ ус-паддзахы фӕстӕ паддзахады ӕртыккаг лӕгыл нымад кӕй уыдзӕни, уый.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Даниил 5:29
7 Iomraidhean Croise  

Йӕ къухӕй рафтыдта йӕ мыхуырӕвӕрӕн къухдарӕн ӕмӕ йӕ Йосефы къухыл бакодта. Йӕ уӕлӕ йын скодта гӕнӕлвыст дарӕс, йӕ хъуырыл ын ӕрцауыгъта сыгъзӕрин рӕхыс.


Ксерксы фӕстӕ дыккаг лӕг уыди паддзахады иудейаг Мардохей. Тынг ӕй нымадтой ӕмӕ уарзтой йӕ адӕм. Йӕ адӕм ӕвыд ӕмӕ амондджынӕй куыд цӕрой, ууыл архайдта кӕддӕриддӕр.


уый дӕ сӕрӕн — диссаджы кады худ, дӕ хъуырӕн — фӕрдгуытӕ.


Уый фӕстӕ паддзах Даниилы ноджы уӕлдӕр систа, бирӕ зынаргъ лӕвӕрттӕ йын ракодта ӕмӕ йӕ ӕппӕт Вавилонийы хицауӕй сӕвӕрдта. Даниил сси вавилойнаг куырыхонты сӕргълӕууӕг.


Куыд зонын, афтӕмӕй дӕуӕн дӕ бон у сусӕгдзинӕдтӕ ӕмӕ зынӕвзарӕн хъуыддӕгтӕ ӕмбарын кӕнын. Уӕдӕ мын ныр ацы фыст куы бакӕсай ӕмӕ, цы нысан кӕны, уый куы зӕгъай, уӕд дӕ сфӕлынддзысты сӕнт сырх дарӕсы, дӕ хъуырыл дын ӕркӕндзысты сыгъзӕрин рӕхыс, паддзахады та ӕз ӕмӕ ус-паддзахы фӕстӕ суыдзынӕ ӕртыккаг хицау».


Паддзах хъӕрӕй бардзырд радта, кӕлӕнгӕнджытӕ, стъалыдӕснытӕ ӕмӕ иннӕ халдейаг куырыхонтӕм фӕдзурут, зӕгъгӕ. Паддзах Вавилоны куырыхонтӕн загъта: «Ацы фыст мын чи бакӕса ӕмӕ йӕ чи бамбарын кӕна, уый сфӕлынддзысты сӕнт сырх дарӕсы, йӕ хъуырыл ын ӕркӕндзысты сыгъзӕрин рӕхыс, ӕз ӕмӕ ус-паддзахы фӕстӕ паддзахады нымад уыдзӕн ӕртыккаг хицауыл».


ӕмӕ сын сӕ сӕргъы ӕртӕ стыр хицауы сӕвӕрдта. Паддзахы барджынтӕ хъуамӕ стыр хицӕутты раз дзуапп лӕвӕрдтаиккой, цӕмӕй паддзахады мацы знаггад ӕрцӕуа. Ӕртӕ хицауӕй иу уыди Даниил.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan