Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Даниил 5:28 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

28 ПЕРЕС — „Дӕ паддзахад ныддихтӕ ис, лӕвӕрд цӕуы мидиӕгтӕ ӕмӕ персайнӕгты къухтӕм“».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Даниил 5:28
16 Iomraidhean Croise  

«Афтӕ зӕгъы Кир, Персы паддзах: дунейы ӕппӕт паддзахӕдтӕ мын иууылдӕр Дунедарӕг, уӕларвон Хуыцау, мӕ къухмӕ радта. Ӕмӕ мын бафӕдзӕхста, цӕмӕй Йын Йерусалимы, Иудейы зӕххыл, саразон Кувӕндон. Гъемӕ уӕ Йӕ адӕмӕй чи у, уыдон иууылдӕр уырдӕм ацӕуӕнт, ӕмӕ уын Дунедарӕг ахъазгӕнӕг фӕуӕд!»


Дунедарӕг зӕгъы: «Ӕз сын сӕ ныхмӕ сардаудзынӕн, ӕвзистӕн аргъ чи нӕ кӕны ӕмӕ сыгъзӕринмӕ уазал ӕнгас чи дары, уыцы мидиӕгты.


Хуыцау мын фенын кодта тасуадзӕг цӕстылуайӕн: «Уӕйгӕнӕг гадзрахатӕй цӕуы, гӕныстонгӕнӕг стигъы. Бабырсут, еламӕгтӕ! Мидиӕгтӕ, ӕрхъула кӕнут! Ӕз кӕрон скӕндзынӕн адӕмты хъӕрзынӕн».


Фӕлӕ фыдбылызы амӕттаг бауыдзынӕ. Зонгӕ дӕр ӕй нӕ бакӕндзынӕ, кӕцӕй дӕм фӕзындзӕн, уый. Дӕ фӕсонӕрхӕджы дӕр нӕй, ахӕм бӕллӕх дыл ӕрцӕудзӕн ӕнӕнхъӕлӕджы.


Уыцы зӕххӕн рагацау цы снысан кодтон ӕмӕ ацы чиныджы цыдӕриддӕр фыст ис, Йеремиа ӕппӕт адӕмты тыххӕй рагуацы хуызы цыдӕриддӕр загъта, уыдон Ӕз иууылдӕр сӕххӕст кӕндзынӕн.


Вавилоны ныхмӕ хӕцынмӕ срӕвдз кӕнут адӕмты: Мидийы паддзӕхтӕ, сӕ барджынтӕ ӕмӕ сӕ сахарты хицӕутты, стӕй, сӕ дӕлбар цы зӕххытӕ ис, уыдоны цӕрджыты.


Йӕ сӕр уыди сыгъдӕг сыгъзӕринӕй, йӕ риу ӕмӕ йӕ къухтӕ — ӕвзистӕй, йӕ гуыбын ӕмӕ йӕ синтӕ — ӕрхуыйӕ,


Дӕ фӕстӕ фӕзындзӕн ӕндӕр, лӕмӕгъдӕр, паддзахад, уый фӕстӕ та ӕртыккаг — ӕрхуы паддзахад. Йӕ паддзах ӕгас зӕххыл паддзахиуӕг кӕндзӕн.


ӕмӕ паддзах сси мидиаг Дарий. Уыцы заман Дарийыл цыди ӕхсай дыууӕ азы.


Дарий ӕмӕ персайнаг паддзах Киры заман дӕр Даниил паддзахады ахста зынгӕ бынат, царди фӕрнӕйдзагӕй.


Паддзах, уӕдӕ ныр ацы бардзырдыл дӕ къух ӕрӕвӕр, цӕмӕй, мидиӕгтӕ ӕмӕ персайнӕгты ӕгъдӕуттӕн аивӕн куыд нӕй, афтӕ уымӕн дӕр фехалӕн ма уа».


Ды федтай, дыууӕ сыкъайы кӕмӕн уыд, ахӕм фыры. Уыцы сыкъатӕ сты Перс ӕмӕ Мидийы паддзахӕдтӕ.


Халдейӕгты паддзах сси мидиаг Ксерксы фырт Дарий. Ӕз, Даниил, йӕ паддзахиуӕджы фыццаг аз сагъӕсы бацыдтӕн, Дунедарӕг пехуымпар Йеремиайӕн Сыгъдӕг Фысты цы раргом кодта, уый фӕдыл. Куыд бамбӕрстон, афтӕмӕй Йерусалимы сахар дӕс ӕмӕ ӕртиссӕдз азы дӕргъы хъуамӕ гӕныстонӕй лӕууыдаид.


Не ’хсӕн ис парфиӕгтӕ, мидиӕгтӕ ӕмӕ еламӕгтӕ, Месопотамийы, Иудей ӕмӕ Каппадокийы, Понт ӕмӕ Азийы,


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan